WizzAir Кутаисæй  20 æрдæмадæй  тæхдзæн, Гуырдзыстоны авиабазармæ арбахиздзæн  ноджы цалдæр  бюджетон авиакомпани
WizzAir Кутаисæй 20 æрдæмадæй тæхдзæн, Гуырдзыстоны авиабазармæ арбахиздзæн ноджы цалдæр бюджетон авиакомпани

Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ рæзынады  министр Натиа Турнава  хицауады администрацийы  лæвæрд брифингыл  регулярон  тахтытæ  сног кæныны  фæстæ  уæвæг динамикæйыл радзырдта.

Министры дзырдæй,   зæгъгæ тахтытæ  сног кодтой  цалдæр авиакомпанийæ,  афтæдæр  Гуырдзыстоны  авиабазармæ æрбахызст  цалдæр   бюджетон  авиакомпани.

«Тахтыты тыххæй  мæ фæнды   нæ цæрджытæн   бæрæг  чысыл  хыгъдлæвæрд раттын.  Зондзыстутæй, фыццаг февралæй  æхсæнуагдонон кординацион советы рабадтыл  аивдтам  æмæ  алыхуызæн тобæтæ  æхсæнадæмон тахтытыл, сæрмагондæй та  регулярон тахтытыл.  Февралæй  Гуырдзыстонмæ  тахтытæ  сног кодтой украинаг  авиахаххытæ  къуырийы мидæг дыууæ хаттонæй, «Флай дубаи»  къуырийы мидæг  – цыппар рейсæй, «Эар  Арабиа»  къуырийы мидæг – дыууæ хаттонæй, марты астæу  бонтæй  та сæм бафтдзысты  «Бута эарвейс», Бако-Тбилис-Бакойы рейсæй  куъырийы æртæ хатты. Фæлæ ай у лоукостер.  Афтæма  «Эар Астана»  æмæ «Флай Аристан», – адон  афтæдæр сты хъазахаг лоукостертæ», –  банысан кодта Турнава.

Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ,   тахтытыл тобæ  сисыны фæстиуæгæн,   иуæй-иу  авиакомпани, фæфылдæр кодта рейсты арæхат.

Дæнцæн, Турчы  авиахаххытæ,  кæцы къуырийы мидæг æртæ рейсы æххæст кодта, ацы  моментмæ  æххæст кæны  боны мидæг дыууæ рейсы.  «Пегасус»  куъырийы мидæг   æрмæст дыууæ рейс æххæст кодта, ныр та  тæхы  æрвылбойнонæй, Катары  авиахаххытæ дæр  къуырийы мидæг   цыппар рейс æххæст кæнын райдыдтой», – загъта Турнава.

«Визэар»,  кæцы кæддæриддæр  стыр  интерес ласы йæхимæ,   марты кæронæй   сног кæндзæн Кутаисы  ранæуæггонд  æхсæнадæмон аэропорты рейсытæ.  Ацы моментмæ  уæвæг информацийæ,  тахтытæ  æххæст кæндзæн 20 æрæдмадæй, къуырийы мидæг 45 тахты.  Марты кæронæй  Гуырдзыстоны  авиабазарыл кусын райдайдзæн  ног авиакомпани  «Визеар Абу Даби»  æмæ тахтытæ æххæст кæндзæн  Абу Даби-Кутаис-Абу Дабийы  æрдæмадæй  къуырийы  мидæг дыууæ хатты.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   тахтыты арæхад,  сæрды   нысаниуæгджынæй  райрæздзæнис.

«Æмтгæй  зæгъгæйæ нын ис  ахæм уавæр,  ома  абоны  бонмæ, регулярон  бæлццонон  рейстæ  марты   дæргъы æххæст цæудзысты  къуырийы мидæг   70-ы онг  тахты æндæр æмæ æндæр   авиакомпанийæ, æрмæст абон нæм цы куырдиат æрбацыд,  уымæ гæсгæйæ та,  сæрды  къуырийы мидæг уыдзæн 200-ы бæрц   рейс, ивгъуыд азы   августы  нын уыдис 10-12  рейсы къуырийы мидæг», – бафтыдта ма  министр.

Натиа турнавайы  ныхæстæм гæсгæ, марты  дыккаг æрдæгæй,   Израилæй  сыххæст уыдзæнис æртæ  рейсы, кæцыйæ Гуырдзыстонмæ æрцаудзысты  вакцинацигонд  туристтæ.

«Афтæма нæм ис  æхсызгон информаци,  кæцымæ гæсгæ  ныридæгæн разынд  фыццаг вакцинацигонд туристты   къадатæ,  сæрмагондæй та   марты  кæрон Израилы авиакомпани  «Аркиа»  сыххæст кæндзæн æртæ  туристон чартерон рейсы, 19, 22 æмæ 26 марты, тель Авив-Батум-Тель Авивы  æрдæмадæй. Ахæм у фæрогдæр кæныны  фыццаг фæстиуæг», – банысан кодта  Натиа Турнава.