Wizz Air-ы базæ Кутаисы æхсæнадæмон аэропортмæ июлæй æрыздæхы æмæ комкоммæ рейстæ æхсæз æрдæмадæй сыххæст кæндзæн
Фыццаг июлæй Кутаисы æхсæнадæмон аэропортмæ венгриаг ныллæгбюджетон авиакомпани «Wizz Air»-ы базæ æрыздæхздзæн, – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава.
Европæйы сегасæй цырд рæзгæ ныллæгбюджетон авиакомпани Гуырдзыстонæй Европæйы æрдæм уæлæмхас рейстæ æххæст кæндзæн, Миланы, Прагъæйы, Афинæты, Салоникийы, Ларнакайы æмæ Мемингемы æрдæмадæй.
«Туристон сезоны байгомимæ иумæ, тынг æхсызгон уац нæм ис – «Wizz Air»-ы базæ Кутаисы аэропортмæ æрыздæхтис æмæ июлæй тахтытæ æххæст кæндзæн æхсæз европаг горæты æрдæмадæй, фæлæ æввахс мæйты ауæрæхдæр кæндзæн æрдæмадтæ æмæ арæхад æмæ хъуыды кæнын тагъд æрыздахдзæн йæ раздæрон бæрæггæнæнтæ», – банысан кодта Натиа Турнава.
Фыццаг этапыл эпидуавæры æмæ Европæйы бæстæты уæвæг арæнæвæрдты тыххæй, сæрды навигацион сезоны кæронмæ, Миланы, Прагъæйы, Афинæты, Салоникийы, Ларнакайы æмæ Мемингемы æрдæмадæй Кутаисæй комкоммæ рейстæ къуырийы мидæг иухаттонæй цæудзæн æххæст.
Æмтгæй райсгæйæ ацы этапыл Кутаисæй Европæмæ комкоммæ уæлдæфон фæндагæй абалц кæнын гæнæн ис фараст бæстæйы 14 æрдæмадæй.
Июлы мæйы Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй 153 тахт комкоммæ регулярон рейсæй сыххæст уыдзæн уыдонæй 111 комкоммæ рейс Европæйы æрдæмадæй, 42 Централон Азийы æрдæмадæй.