«ВВС» -  Мариуполы «Азовсталыл» штурм райдыдта, гæнæн ис  уым  сабыр цæрджытæ уой
«ВВС» - Мариуполы «Азовсталыл» штурм райдыдта, гæнæн ис уым сабыр цæрджытæ уой

«ВВС»-ы  информацийæ,  хæдрасидт  Донецкы адæмон республикæйы  къухдариуæгад  «Азовсталы»  металургион  заводмæ бырсæнцыд райдаыны фæдыл  райхъусын кодта.

«Хайгайы бырсæн къордтæ, кæцытæ  специалонæй  уыдысты æвзæрст ацы объектмæ  бырсты тыххæй,   нырид рывнæлдтой  сæ хъуыддагмæ.  Æххуыс нын  кæны  уырыссаг авиаци  æмæ артиллери.  Ныфс нæ ис, цæмæй  æввахс  фидæны, украинаг  адæмы  ацы псевдохъахъхъæнджытæ  саст æрцæудзысты, адæм сабырæй  сулæфдзысты  æмæ Мариуполы сабыр цæрджыты  фыдæбæтты фæдыл никуыуал фехъусдзыстæм»,  уырыссаг медиимæ ныхасы  райхъусын кодта Эдуард Басурин, а.х. Донецкы  адæмон республикæйы  милицийы  минæвар.

Уыимæ ма  Басурин  мæнгæй схуыдта  информаци уый фæдыл, ома «Азовсталы»  территорийыл  сты сабыр цæрджытæ.

«ВВС»-ы информацийæ, «Азовсталы»  ацы рæстæгмæ контрол кæнынц  гарзджын тыхтæ, сæрмагондæй та 36-æм  денджызон бригадæ æмæ Азовы полк.  Къуырисæры, Мариуполы  патрулон  пъæлицæйы  къухдариуæггæнæг  Михаил  Вершинин «CNN»-æн дзырдта, цæмæй   1000-ы  онг  адæймаг уыдис  «Азовсталы»  территорийыл.  Украинайы  вице-премьер, Ирина Верещчук Уæрæсæейы  хицауадмæ  сабыр цæрджытæн  Мариуполæй  Бердянскы онг   гуманитарон  кæлидоры  фегом кæныны æркуырдæй баздæхт, фæлæ  дыццæджы  сæумæрайсом уый райхъусын кодта, цæмæй гуманитарон кæлидор нæ байгом ис.

«ВВС»-ы ма афтæдæр банысан кодтой,  цæмæй хæсты тыххæй, не нтысы  хæстон уавæры уæвæг  фарсыты  фидиуæнтæ сбæрæг кæнын, цæмæй  цас  раст  ис,  уый.