Мака Бочъоришвили – Тыхстдзинад хæссы, æнхъæлмæкæсинаг æууæнкджын гуырæнтæй, ацы цауы ВВС-æй спайда кæнын дезинформаци парахат кæнынæн, ахсджиаг у, цæмæй æппæт ахæм архайдтытæн æмбæлон дзуапп лæвæрд æрцæуа
Хорз у, цæмæй паддзахадон æдасдзинады куыст æвæстиатæй райдыдта фæдагуырд ВВС-ы æрмæгимæ гæсгæ – расидтис æттаг хъуыдтæгты министр, Мака Бочъоришвили.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æнæмæнгхъæугæ у анализ скæнын, цæмæн цæуы ахæм бабырстытæ Гуырдзыстонмæ.
«Контентмæ бацæуыны размæ хъуамæ анализгонд æрцæуа фактæн йæхæдæг, цæмæн цæуы Гуырдзыстоны ныхмæ ахæм æвирхъау бабырстытæ æппæт архайджытæй спайда кæнгæйæ. Ацы бабырстыты баст у дунеон меди, ацы цауы мах уынæм ВВС-ы сæрмагонд активондзинад. Уый нæу фыццаг аххосаг, кæцы æрцыд арæзт нæ бæстæйы ныхмæ, уый нæ уыдзæн фыццаг аххосаг, кæцы æнæ исты бындурæй у æмæ тынг æнæ репутацийы ныллæг кæндзæн бæстæйы ацы тохæн ис тынг æвзæр нысан, кæцы баст у нæ бæстæйы стабилондзинадимæ.
Нысаниуæгджын у æппæт ахæм архайдтытæн, кæцытæ здæхт сты нæ бæстæйы интересты ныхмæ, æмбæлон дзуапп раттын. Тынг хорз у, æмæ Паддзахадон æдасдзинады службæ æвæстиатæй ацы фарсты фæдыл басгæрст кæй райдыдта. Нæ æхсæнад хъуамæ зона, цы, чи лæууы ахæм архæйдтыты фæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ æхсæнад бирæ федта, фæстаг азты Гуырдзыстоны ныхмæ цавæр кампанитæ цæуы, уый. Фæлæ нæ хъæуы ноджы арфдæр раиртасын, чи лæууы ацы кампаниты фæстæ æмæ кæцы архайджытæ баст сты Гуырдзыстоны националон интерестæн зиан хæссыныл», -расидтис Бочъоришвили.
ВВС публикаци кодта æрмæг ахæм сæргондæй: «ВВС-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыццаг дунеон хæсты химикон буаргъæдтæй спайда кодтой гуырдзиаг демонстрантты ныхмæ». Сæрмагондæй, ВВС дзуры фыццаг дунеон хæсты рæстæджы химион хæцæнгарзæй пайда кæныны тыххæй.