Владимир Зеленски – Партнертæй  æнхъæлмæ кæсæм  æххуысы  къахдзæфтæм, нысаниуæгджын у,  ныр фенæм, чи нын сты æцæг  хæлæрттæ
Владимир Зеленски – Партнертæй æнхъæлмæ кæсæм æххуысы къахдзæфтæм, нысаниуæгджын у, ныр фенæм, чи нын сты æцæг хæлæрттæ

Украина Нормандиаг цыппары  уæлрадон саммиты ауадзын   домы.  Уый фæдыл Украинайы   президент  Владимир Зеленски  специалон  сидты рæстæджы райхъусын кодта.

ЙÆ дзырдæй,   зæгъгæ афтæдæр æрхуыдта  ИНО-ы æдасдзинады  советы  сæрмагонд рабадт æмæ  OSCE-ы  специалон рабадт.

Украинайы   президенты  дзырдæй,    зæгъгæ Украина, йæ  партнертæй  ныр «æнхъæлмæ  кæсы  дырыс æмæ   арахайадон   къахдзæфтæм».

«Афтæма  инициргонд у нормандиаг  цыппары  сæрмагонд  рабадт.  Нæ  партнертæй  æххуысы  къахдзæфтæм æнхъæлмæ кæсæм. Иттæг нысаниуæгджын у,  ныр  фенæм, чи сты æцæг   хæлæрттæ  æмæ  партнертæ æмæ  чи дарддæр кæны  Уæрæсейы  æрмæст ныхæстæй  тæрсын кæнын.

Мах дарддæр  кæнæм дипломатон  регулир кæныны политикæ æмæ  провокацитæн нæ комæм.  Нæ  арæнтæ  дзæбæх хъахъхъæд сты, нæ  партнертæ нын æххуыс кæнынц. ИНО-йы   уагæвæрды  51-æм статийæ, Украинамæ  ис индивидуалон æмæ коллективон  хæдиргъæфы бар.  Дзæбæх æвзарæм провокацитæ æмæ  агрессоры  æфсæдды  бырстытæ.  Рæстдзинад у махы æрдæм æмæ  уын  рæстдзинад  нæ  басусæг кæндзыстæм.  Куыддæр  ауындзыстæм  ситуацийы  ивд, рискыты   рæзт, афтæмæй  уыдæтты фæдыл   базондзыстут.

Нырæ  нæу хæццæ  архæйдтыты афон,  сараздзыстæм алцыппæт, цæмй афтæ  уа  фидæны дæр.  Мах стæм сабыр æмæ  дипломатон  амæлтты  иузæрдыг  æмæ   цæудзыстæм  æрмæст  ацы  фæндагæй.

Мах стæм нæхи зæххыл,  никæмæй æмæ ницæмæй  тæрсæм, никæмæй ницы  дарæм  æмæ   никæмæн ницы ратдзыстæм, уырнæг   стæм.  Уымæн æмæ ерын 2014 азы  февралы нæ фæлæ   2022  азы  феврал у», –   райхъусын кодта Зеленски.