«Визэар» Гуырдзыстонæй, Австрийы, Францы, Германийы æмæ Испанийы æрдæм, 16 мартæй 3 апрелмæ, тахтытæ  уромы
«Визэар» Гуырдзыстонæй, Австрийы, Францы, Германийы æмæ Испанийы æрдæм, 16 мартæй 3 апрелмæ, тахтытæ уромы

Авиакомпани  «Визэар»  Гуырдзыстонæй,   Австрийы, Францы, Германийы  æмæ  Испанийы  æрдæм, 16 мартæй   3  апрелмæ,   тахтытæ рæстæгмæ   уромы.  Уый тыххæй  дзырдæуы   авиакомпанийы  ахæлиугонд  пресс-релизы.

Рейсты  æрурæд баст  у  коронавирусы эпидеммиимæ.

Бæлццæттæн,  кæцытæн фæнысангонд периоды  ацы  цыппар  бæстæмæ  уыд  билеттæ æлхæд, балцы цыды  аргъ 120 проценты бæрцæй  «Визэары» балансмæ æрыздахдзысты,  кæцыйæ  спайда кæнын   фæдылдзог 24 мæйы  дæргъы  уыдзæн сæ  бон.

Бæлццæттæн афтæдæр  уыдзæн   суммæ  æрыздахыны  фадат, фæлæ   компанийы  куыд банысан кодтой афтæмæй,   уымæн  зæгъгæ  фылдæр рæстæг бахæъудзæн  æмæ уый  фæдыл  апйдагæнджытæн  электронон посты  фæрцы  фехъусын кæндзысты.  Суммæ  фæстæмæ  æрыздахыны цауы, бæлццæттæн æрыздахдзысты  билеты аргъы  100 проценты бæрцæй.

Уыцы бæлццæттæ та,  кæцытæ билеттæ  æндæр æмæ æндæр агентадты  фæрцы  балхæдтой,  фæстæмæ уыцы  агентадтæм хъуамæ адзорой.

Авиакомпани «Визэар»  хатыр куры   пайдагæнджытæй сырæзт   дискомфорты  тыххæй.