Каха Къаладзе: «Никæмæн уыдзæн хатыр бæстæйы фæфæлдæхты фæлварæны тыххæй, алчидæр, кæцы фыдракæнд сарæзта, дзуапп дæтдзæн»
Каха Къаладзе: «Никæмæн уыдзæн хатыр бæстæйы фæфæлдæхты фæлварæны тыххæй, алчидæр, кæцы фыдракæнд сарæзта, дзуапп дæтдзæн»

«Бæстæйы революци кæнæ паддзахадон фæлдæхт саразыны тыххæй никæмæн уыдзæн ныххатыр» – расидтис Тбилисы мэр Каха Къаладзе.

Къаладзейы ныхасмæ гæсгæ, дзуапп дæтдзысты алчидæр уыцы адæймæгтæ, кæцытæ фыдракæнд сарæзтой.

«Цалдæр мæйы дæргъы цыппæрæм октябры агъоммæ уагъд цыд кампани, кæцыйы дзырдæуыд, цæмæй ацы адæймæгтæ, ацы тыхмигæнæг къордтæ план кæнынц паддзахадон фæлдæхт саразын. Цыппæрæм октябры уыдон райдыдтой ацы ныфсæвæрд сæххæст кæнын, хъавыдысты путч саразын, фæлæ æмбæлон паддзахадон уагдæттæ архайдтой закъонмæ гæсгæ æмæ нæ бауагътой путч фæлварæн, æрцахстой бирæ адæймаг. Бачо Ахалайайы дæр знон æрцахстой;

Иумæйагæй сисгæйæ, мах бирæ хæттыты дзырдтам — æз æмæ премьер-министр æрвылбон дæр дзырдтам — цæмæй æнæзакъонон архайдтытæ ничи араза, уымæн æмæ паддзахад архайдзæн закъонмæ гæсгæ. Никæмæн уыдзæн хатыр, нæдæр никæмæн хатыр уыдзæн, бæстæйы революци кæнæ паддзахадон змæст саразынмæ хъавыны тыххæй. Бирæнымæц ныхæстæм нæ кæсгæйæ, уыдон архайдтой, куыд архайдтой, афтæ. Уымæ гæсгæ дзуапп дæтдзысты алкæмæн дæр, кæцы паддзахады фæфæлвæрдимæ баст фыдракæнд сарæзта» -банысан кодта Къаладзе.