Натиа Турнава - Æввахс бонты  аскуыдздзаг кæндзыстæм «Визэары» регулярон тахтытæ, этапгай  сног кæнын, афтæдæр цæуынц бадзырдтæ  «Райанэаримæ»
Натиа Турнава - Æввахс бонты аскуыдздзаг кæндзыстæм «Визэары» регулярон тахтытæ, этапгай сног кæнын, афтæдæр цæуынц бадзырдтæ «Райанэаримæ»

Æввахс бонты   рахæсдзыстæм уынаффæ, «Визэары»   регулярон тахтыты, тынг  арæхсгай  æмæ  этапгай  сног кæныны  фæдыл,  бæрæг æдас  æрдæмадтæй, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады  министр Натиа Туранва   фехъусынк одта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   афтæдæр цæуынц бадзырдтæ  авиакомпани «Райанэаримæ».

«Мах  дзырдтам æмæ  ныр дæр хъусын кæнæм, Гуырдзыстон адаптацийы  этапмæ  кæй  ахызтис,  уый тыххæй.  Афтæмæй  бæрæг у  уый æмæ  карз арæнæвæрдты бæсты, хъавæм    пандемиимæ  цæрын.  Нæ экономикæ  кусдзæн  пандемимæ æнæкæсгæ,  параллелонæй  æмæ уый та,  кæй зæгъын æй хъæуы, нысан кæны,  арæнты фылдæр  байгом.  Ныр  карантины  рæстæгимæ абаргæйæ, активонæй дæр  пайда кæнæм  «PCR» тесттæй. Зондзыстут æй, цæмæй  цъæх зонæйы бæстæтæй  æрцæугæ  визиторты  æнæмæнгæй  бавдисынц  «PCR» тесты фæстиуджытæ.  Уый руаджы,  нæ æмбæстæгтæн,  иуы æрдгæй,  къаддæр кæны импортиргонд  цауты  риск.  Абоны  бон нын практиконæй   минимумы онг  фæкаддæр кодта импортиргонд цаутæ, фæлæ  афтæдæр  этапгай  бафæлвардзыстæм  тахтытæ дæр.  Дæнцæн,  сентябрмæ 90-æй  фылдæр тахт у  плангонд. Æввахс бонты   рахæсдзыстæм уынаффæ, «Визэары»   регулярон тахтыты, тынг  арæхсгай  æмæ  этапгай  сног кæныны  фæдыл,  бæрæг æдас  æрдæмадтæй. Уый фæдыл уын  фæстæдæр  фехъусын кæндзыстæм, уынаффæ  куы  рахæсдзыстæм, уæд.  Афтæма  цæуынц  тынг активон бадзырдтæ  «Райанэаримæ»  цæмæй цавæр ранывæзтæй сног удызщæн   тахтытæ  уыдонимæ  азы аз,  кæй зæгъын æй хъæуы,  уый дæр сæххæст уыдзæн», –  райхъусын кодта Натиа Турнава.