Бидзина Иванишвили – Зæрдæбынæй хатыр курын уыцы адæмæй, чиддæриддæр нæ  фылдæры æнхъæл уыдис  æмæ  ныфссаст фесты
Бидзина Иванишвили – Зæрдæбынæй хатыр курын уыцы адæмæй, чиддæриддæр нæ фылдæры æнхъæл уыдис æмæ ныфссаст фесты

Уойæ, мæгуырдзинад у объективон реалондзинад, кæцымæ кæсын  зæрдæрыстимæ, фæлæ  не  сразы уыдзынæн аххосагимæ, цæмæй  мæгуырдзинад кæцы нæм фæдхæсгæйæ  баззадис, «Гуырдзиаг Бæллиццы»  хицаудзинады фæстиуæг у, –  дзырдæуы «Гуырдзиаг Бæллицц – Демократон Гуырдзыстоны» сæрдар, Бидзинад Иванишвилийы  абон  публикацигонд  фыстæджы.

Бидзина Иванишвили  куыд хъусын  кæны,  уымæ гæсгæйæ,   абоны мæгуырдзианд зæгъгæ  дæсгай  азты дæргъы уæвæг  проблемæ æмæ йæ райдайæн  уыцы  афонæй у, нæхи къухтæй  куы ныппырх кодтам ногарызт паддзахад.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ ацы мæгуырдзинад  уыцы æнæуромгæ  дæлæмæ змæлды  æмæ  катаклизмты фæстиуæг у,  кæцытæ  нæ бæстæ бавзæрста  хæдбарад  ногæй рацаразынæй дыууын  азы  дæргъы.

«Бафæрæзтам  æмæ  хауын  баурæдтам,  райдайæн раттам  прогрессæн  æмæ фæкаддæр кодтам  мæгуырдзинад, кæцыйыл  фæстагмæ  кæрон скæнынæн бахъæудзæн,  хицауады  æрдæгй хиуылнæауæрдгæ  кусын, сабырдзинад, стабилондзинад, демократи  æмæ бæрæг  рæстæг.  Кæй зæгъын æй хъæуы, алцыппæт  нын афтæ  æмæ  ахæм гъæдæй нæ рауадис, куыд  хъуыды кодтам æмæ  алчи иумæ  цæй  æнхъæл уыдыстæм  афтæ», –  фыссы Бидзина Иванишвили.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  хъыгагæн,  объективон аххосæгтимæ иумæ ма дзы  уыдис аиппытæ  æмæ   рæдыдтытæ дæр.

«Гуырдзиæгтæ фылдæр эмоцион, бæллицдарæг  адæм стæм  æмæ  уымæ нæкæсгæйæ, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллиццы»  хицауад  ацы фадæтты,  зæгъæн ис, максимум  сыххæст кодта,  æргомзæрдæйæ  хатыр ракурын мæ фæнды уыдонæй,  чидæриддæр махæй  фылдæры æнхъæл уыдис,  экономикон  уавæры  бирæ  цыддæр фæхуыздæр кæнын  æмæ   ныфссаст фесты», – дзырдæуы  Бидзина Иванишвилийы   публикацигонд фыстæджы.