Виола фон Крамон – Ныгуылæн, Боснийы йæ позицитæ куы фæмæлæгъ кæна, уæд уый уыдзæн комкоммæ хуынд Путинæн, райдайæт архайын æнæрмæст Балкантыл, фæлæ ма Украина æмæ Гуырдзыстоны
Ныгуылæн, Боснийы йæ позицитæ куы фæмæлæгъ кæна, уæд уый уыдзæн комкоммæ хуынд Путинæн, райдайæт архайын æнæрмæст Балкантыл, фæлæ ма Украина æмæ Гуырдзыстоны – уый фæдыл европарламентари, Виола фон Крамон фыссы социалон хызаг «Твиттеры».
«Пи-3-ы æмæ евроцæдисы æдыхдзинад Боснийы æндавы мах алкæмæ: æргом фæлварæн Кремлæн æмæ ноджы агрессвиондæр æддагон политикæйæн. Кæд ныгуылæн æруадздзæн цæмæй афтæ æрцæуа Боснийы æмæ Дейтоны бадзырд æрбамæлдзæн, уæд уый у комкоммæ хуынд Путинæн, райдайæт архайын æнæрмæст Балкантыл, фæлæ ма Украина æмæ Гуырдзыстоны» – фыссы евродепутат.
ИНО-йы æдасдзинады совет цæугæ къуырийы тæрхон кæны «Юфоры» (EUFOR) сабырадон миссийы мандат иу афæдзæй пролонгацийыл Боснийы. Уæрæсе æртхъирæн кæны, цæмæй вето сæвæрдзæн мандаты пролонгацийы резолюцийыл, кæд бæрзонддæр минæвары æмæ йæ офисы алы æххæстбартæ нæ аивдзысты уæд. «Евроньюс» фыссы, цæмæй уый у Кристиан Шмидты, куыд 1995 азы сабырадон бадзырды цæстдарæгы авторитет фæлæмæгъ кæныны дырыс архайд. Боснийы хæст АИШ-ы къухдариуæгæй баххæсгæ сабырадон бадзырдæй 1995 азы фæцис. Дейтоны бадзырдæй, арызт уыд дыууæ администрацион иуаг, кæнæ субъект – Сербаг доминацийы «Сербæгты Республикæ» æмæ боснийæгты æмæ хорватты фылдæртæй федераци, кæнæ Босни æмæ Герцоговинæ.