Виола фон Крамон – нæ къух нæ ауигъдзыстæм Гуырдзыстоныл, гуырдзиæгты 80-æй фылдæры, режимы ныхмæ иунæгæй нæ  ныууадздзыстæм, Гуырдзыстон суыдзæн  европаг бинонты уæнг
Виола фон Крамон – нæ къух нæ ауигъдзыстæм Гуырдзыстоныл, гуырдзиæгты 80-æй фылдæры, режимы ныхмæ иунæгæй нæ ныууадздзыстæм, Гуырдзыстон суыдзæн европаг бинонты уæнг

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, кæцы йæ  адæмы хуызæн  тугæй-стæгæй  европаг  у,  фидар æххæст кæны Гуырдзыстоны Конституцийы  78-æм стати –  уый фæдыл европарламентари  Виола фон Крамон   Европарламенты  дзырдæй  ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ Гуырдзыстоны президент ацы тыхархайды тыххæй  цæуы  æфхæрд.

«Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  фондз мæйы  размæ ам хъæддых лæууыд  йæ  бæстæйы европаг фидæн бахъахъъæнынæн.  Президент  Зурабишвили  аразы уый, цæй саразыныл нæ загъд кæны Гуырдзыстоны хицауад, – æввахсдæр кæны бæстæйы  Евроцæдисимæ. Президент  йæ адæмау  тугæй-стæгæй  европаг у, дырыс æххæст кæны  Гуырдзыстоны  конституцийы 78-æм стати, æрхæсдзынæн цитатæ –«райсæт  алы мадзал  Европæйы цæдисы Гуырдзыстоны æххæст интеграци сфитонг кæнынæн». Ацы тыхархайдæн уый ныр æфхæрд цæуы  олигархы æмæ йæ  дæлбар гæсты æрдргæй.  Зынаргъ коллегæтæ, фæдисгæнгæйæ уæм  сидын, цæмæй  Гуырдзыстон,  кæддæр  Европæйы ныфсы тын, ныр  цырд темпæй  фæцæуы  авторитарон, про-уырыссаг хицаудзинады æрдæмю.  Тæрхондон æмæ  закъоны сæйрагдзинад хæлд сты  æмæ ныр  мæцъисæй  фестадысты уыцы фарс, кæцыйы импичментæй хонынц.  Нæ бон нæу  æмæ  нæ  къух нæ ауигъдзыстæм Гуырдзыстоныл, нæ ныууадздзыстæм  гуырдзиæгты  80%-æй фылдæр аууонгомау режимы ныхмæ иунæгæй.  Гуырдзыстон  суыдзæн  европаг   бинонты уæнг» -райхъусын   кодта Виола фон Крамон.