Валютон Фонды прогнозæй, 2021 азы Гуырдзыстоны экономикæ фондз процентæй райрæздзæн
Æхсæнадæмон Валютон фонд экономикон рæзынады ног прогноз публикаци кæны. Валютон Фонды прогнозæй, Гуырдзыстоны экономикæ 2020 азы 5%-æй фæкаддæр уыдзæн. 2021 азы та фонд экономикон рæзынады фондзпроцентон бæрггæнæны прогноз дæтты.
Валютон онды прогнозимæ фемдзыд ис хицауады бæрæг экономикон рæзынады прогноз дæр, 2021 азы паддзахадон бюджеты проект экономикæйы фондзпроцентон рæзынадыл спълан ис.
Регионы бæстæты тыххæй куы зæгъæм, Фонды прогнозæй, 2020 азы Азербайджаны экономикæ цыппар процентæй фæкаддæр уыдзæн, Сомихыстоны -4,5 процентæй, Уæрæсейы – 4,1%, турчы-5%.
2021 азы та экономикæ Азербайджаны дыууæ %-й, Сомихыстоны- 3,5 процентæй, Уæрæсейы 2,8 процентæй, æрмæст Турчы – фондз процентæй.
Валютон Фонд Евроцæдисы бæстæты ацы азы экономикæйы 7,2 процентджын фæкддæры прогноз аразынц,2021 азы та экономикæйы сæндидзын кæныны прогноз – 4,7 процент у.