Тбилисы инфекцион рынчындоны къухдариуæггæнæг Тенгиз Церцвадзе хъусын кæны, цæмæй коронавирусы ныхмæ вакцинæтæ æрахæссыны æрдгæй ис дзæбæх ног хабæрттæ. Церцвадзейы дзырдæй, зæгъгæ цæуынц æмбæлгæ бадзырдтæ вакцинæ-уадзæг компанитимæ.
Церцвадзекйы дзырдæй, зæгъгæ февралы кæронмæ æрцæудзæн 30 мин дозæ «Phizer», кæцыйæ низы ныхмæ бафтаудзысты медицинæйы архайджыты. Гуырдзыстоны афтæдæр æнхъæлмæ кæсынц 200 мин «Астразенекайы» вакцинæмæ Ковакс платформæйæ æмæ вакцинаци ацæудзысты риск-къордмæ чи хауы уыцы адæймæгтæ æмæ æнæнизхъахъхъæды сферæйы баззайгæ кусджытæ.
«Æнæофициалон информаци мæм ис, кæнæ æрдæгæй официалон – уымæй æлдай ма нæ хицауад æмæ æмблгæ оргæнтæ, низты контролы центр æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадæн сæрмагонд бадзырдты фæндагæй бантыстис уый, цæмæй 150 мин дозæ æрцæудзæн ныр, феврал-марты, Гуырдзыстонмæ. Уый та иттæг хорз у фыццаг къахдзæфæн.
Кæд бафæраздзыстæм бæрзонд рискы къорды вакцинаци æмæ нæ зæрдыл дардзыстæм уый цæмæй æнæвакцинæйæ бахъом стæм эпидемиологион уавæр фæхуыздæр кæнын, уæд нын ацы процесс ахъаз уыдзæн банымайын ома Гуырдзыстоны, сеппæтæй æвзæр период нырид арвыстам.
Æз загътон гарантиргонд вакцинæтæ, уымæн цæмæй чидæр ныфссаст ма фæуа, фæлæ цæй æнхъæл стæм уый та бирæ фылдæр у, цалдæр æрдæмадæй цæуынц бадзырдтæ æнæ æрмæст «Астразенекаимæ» – райхуъсын кодта Тенгиз Церцвадзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы.