Лиз Трас -  Уæрæсе хъуамæ  басæттæм æмæ стæй  ауадзæм семæ  бадзырдтæ
Лиз Трас - Уæрæсе хъуамæ басæттæм æмæ стæй ауадзæм семæ бадзырдтæ

Стыр Британийы   фæсарæн хъуыддæгты уагдоны  къухдариуæггæнæг   лиз Трас  хъусын кæны, цææмй Уæрæсеимæ бадзырдтæ æрмæст Украинайы  йæ састы  цауы  ис гæнæн.

Украинаг  медийы  хъусинагæй,  фæнысангонды  фæдыл,  Стыр Британийы   фæсарæн хъуыддæгты министр  НАТО-йы  саммиты  фæлгæтты  уагъд   форумыл  райхъусын кодта.

«Махæн æнæмæнгхъæугæ  у,  сфитонг кæнæм  Уæрæсейы  с аст  Украинайы.  Уый  у  æнæмæнгхъæугæ  Европæйы    æдадсзинады,  сæрибардзинад æмæ  демократийæн. Уый у иунæг фæндаг, европæйыв  дæргъвæтин   сабырдзинад  сфидар кæнынæн» –  райхъусын кодта  Лиз Трас.

Уый ма банысан кодта цæмæй  нæ уыны  Уæрæсеимæ бадзырдты гæнæндзинад уыцы  уавæры, йæ æфсæддæ  Украинайы  куы  лæууынц.

«Ис адæймæгтæ, кæцытæ  дзурынц, цæмæй  бадзырдты  фадат ис ацытæккæ,  цалынмæ  Уæрæсейы нырма Украинайы ис, фæлæ хъуыды кæнын, уый æрхæсдзæн  мæнг  сабырдзинад. Уый расайдзæни дарддæр  агресси  фидæны.  Мах хъуамæ  сахуыр кæнæм  ивгъуыды  уроктæй – дæнцæн, Минскы  протоколы, рæдыдтытæй, кæцы нее  сифтонг кодта  дæргъвæтин  сабырдзинад   регионы.   Уæрæсе  нырма  хъуамæ  басæттæм æмæ стæй  рабадæм бадзырдтæм»- райхъусын кодта Британийы  фæсарæн хъуыддæгты министр.