Сергей Лавров хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы æмæ Украинайы бадзырдты ис темæтæ, кæцыты алыарс æрныхас кæнын ис гæнæн
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фидиуæнæй, Уæрæсейы æмæ Украинайы бадзырдты ис формулировкæтæ кæцыты алыварс æрныха скæнын ис гæнæн.
Уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Уырыссагн телекомпани «РБК»-имæ интервьюйы рахъусын кодта.
«Президент Зеленски амæйразмæ бирæ цымидисон фидиуæн сарызта. Уый уыдис бирæ реалистон дæр аргълæвæрд, кæцы Зеленскийæ байхъуыстам цы цæуы уый фæдыл, уымæн æмæ уæдмæ уый конфронтацион фидиуæнтæ арызта» – банысан кодта Лавров.
Уыимæ иумæ, Лавров бæлвырд кæны, цæмæй ныр бадзырдтыл каст цæуы Украинайы нетйралон статусы фарста, кæцы баст у Уæрæсейы æркуырдимæ æдасдзинады гарантиты фæдыл.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсе цæттæ у, бацагура фæндæгтæ куыд сæрмагонд, афтæ Украинайы æмæ Европæйы æдадсзинады гарантитæ сфитонг кæнынæн, фæлæ НАТО-ы аурæх удæттæй бынтон цух у.
Банысан кæнын хъæуы уый, цæмæй уæдмæ Зеленски видео-сидты загъта, цæмæй бадзырдты процессы фарсыты позицитæ бирæ реалистон дæр сты.