Уырыссаг депутат хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны бакуыст резолюци, гæнæн ис Тбилисы сæвзæргæ конфликты адарддæры архайд уа
Уырыссаг депутат Андрей Климов ЕÆÆО-йы парламентон ассамблейы политикон фарстаты æмæ æдасдзинады комитетыл Гуырдзыстоны бакуыст резолюцийы проекты райсты фæдыл ныхас кæны.
Уæрæсейы Федерацийы советы æхсæнадæмон ахастыты комитеты сæрдары хæдивæг Климов уырыссаг медиимæ интервьюйы рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй Уæрæсемæ куыд суверенон бæстæмæ, ис бар Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нымадмæ райса.
Андрей Климов куыд банысан кодта афтæмæй, уый зæгхгæ сæ бар у кæцы бæрæг у комкоммæ ИНО-йы уагæвæрдæй.
«Махæн ацы историй йæ кæронмæ æрцыд. Уынаффæ рахастам» – райхъусын кодта Андрей Климов интервьюйы рæстæджы æмæ ма бафтыдта цæмæй, фæнысангонд резолюци гæнæн ис Тбилисы сырæзт конфликты адарддæры архайд уа.
Андрей Климовы æмбарынгæнæнæй гуырдзиаг фарс зæгъгæ ахастыты срегулир кæныны нысанæй, сыхæгтимæ æнæмæнгæй хъуамæ райдайа диалог.
ЕÆÆО-ы парламентон ассамблейы политикъон фарстаты æмæ æдасдзинады комитетыл Гуырдзыстоны бакуыст резолюцийы проект райстой.
26 пунктджын документ æххæссы, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уавæрмæ. Резолюцийы проекты Уæрæсейы æнæлегалон архæйдтыты тыххæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл æдасдзинады, адæймаджы барты æмæ гуманитарон уавæры фæфыддæры бафаудтой. Сæ нымæцы та ранымад сты оккупацион хаххы цур тел-æмбондты атйындзын, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны регионты уæвæг этникон дискриминаци. Уæлдæр банысангонд хæлдтыты та, марындзинады, хъизæмары, гуырымыхъхъ ахасты, скъæфты æмæ æнæзакъонон ахстыты фактытæ сты бавдыст. Гуырдзыстоны бакуыст документ Уæрæсемæ сиды, æхсæнадæмон барады фундаментон нормæтæ æмæ принциптæ бахъахъхъæнынмæ.Уыйимæ иумæ, резолюцийы проекты банысангонд у, цæмæй Уæрæсейы Федераци, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты а.х. хæдбардзинады банымадмæ гæсгæ ист æнæзакъонон уынаффæ хъуамæ аива.