НАТО-ы парламентон ассамблей  рахаста дыууæ резолюци, кæцыйы дзырдæуы Гуырдзыстонæн фарсхæцыны æмæ æххуыс стынг кæныны фæдыл
НАТО-ы парламентон ассамблей рахаста дыууæ резолюци, кæцыйы дзырдæуы Гуырдзыстонæн фарсхæцыны æмæ æххуыс стынг кæныны фæдыл

Мадриды, НАТО-йы  парламентон ассамблей райста резолюци, кæцыйы мидæг дзырдæуы  Гуырдзыстоны фæдыл.

Бауромыны æмæ  хæдиргъæфы  инициативæты фæдыл  резолюцийы дзырдæуы, цæмæй   хъæддых  сиды НАТО-ы уæнг бæстæты   хицауадтæм  æмæ парламенттæм,  специалон  домæнты  пакетты афоныл имплементаци скæной, кæцы ист у 2022  азы  саммитыл Босни æмæ Герцоговинæйæн, Гуырдзыстонæн æмæ Молдовæйæн.

Рекзолюцийы   номхуындæй «НАТО-ы ног стратегион эрæ», фыст ис, цæмæй  бæлвырд кæны,  куыд Украинайы, афтæ Гуырдзыстон æмæ   Молдовæйы Республикæйы  националон суверенитет æмæ территоритон æнæхъæндзинадæн хъæддых фарс хæцын.

«Æмудæй  райы  НАТО-йы  уæнгсуæвыны тыххæй  Финлянди æмæ  Швецийы  хуынд, кæцытæ  нырид алы уæнг паддзахады  парламенты  ратификаци скодтой, кæцы  æмтгæй райсгæйæ  стынг кæндзæн евроатлантикон æдасдзинад æмæ  ноджы  иу  хатт банысан кæндзæн НАТО-йы  гом дуары политикæ  æмæ Украина, Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинæйы евроатлантикон  интеграцийæн æнæцудгæ фарсхæцын.

Хъæддых  сиды НАТО-йы  уæнг бæстæты хицауадтæм æмæ парламенттæм фарсхæцыны  стынг кæнынмæ альянсы партнертæн, Босни-Герцговинайæн, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн, цæмæй  сын баххуыс уой  æнæцудгæзинад стынг кæныны, сæ потенциалы  райрæзты  æмæ политикон  хæдбарад бахъахъхъæды.  Афтæма  стынг кæной Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинæйы  евроатлантикон  интеграцийæн  æххуыс», – дзырдæуы  резолюцийы тексты.

Афтæма  ацы резолюцийы фыст ис: «Хъæддых  домы  НАТО-ы уæнг бæстæты хицауадтæй æмæ парламенттæй,  æргомæй райхъусын кæнæт уый, цæмæй Уæрæсе у  террористон  бæстæ архайæг  хицауады  уавæрты».