Мариам Квривишвили – Гуырдзыстонæн фундаменталонæй нысаниуæгджын у, цæмæй Анаклийы размæцыды бындур уа ахæм моделыл, кæцы сифтонг кæна паддзахады разамонæг роль стратегион инфраструктурæйы размæцыды
«Бирæ бæстæты æмæ æхсæнадæмон компаниты æрдыгæй проектмæ рæзгæ цымыдисдзинад хынцгæйæ, Гуырдзыстонæн ахсджиаг у, цæмæй Анаклийы наулæууæны райрæзт æххæстгонд æрцæуа ахæм моделмæ гæсгæ, кæцы ифтонг кæндзæн паддзахады раззагдæр роль стратегион инфраструктурæйы райрæзты, æмрæстæджы сараздзæн конкурентон уавæр, кæцы æххæст кæндзæн бирæнымæц цымыдисгæнæг бæстæты æмæ компаниты интерестæ», – загъта Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæдзинады министр. Развæлгъау Мариам Квривишвили брифингыл расидтис.
Министры ныхасмæ гæсгæ, Анаклиайы арфдоны порты арæзтадæн ис сæйраг нысаниуæг Гуырдзыстоны транзитон функциты фæтыхджындæр кæныны æмæ уый фæстиуæгæн дæр бæстæйы æнæфæцудгæ экономикон рæзынады сифтонг кæныны æрдгæй.
«Фæнды нæ æхсæнадæн базонгæ кæнæм уыцы нысаниуæгджын æскъуыддзаг, кæцы райста Гуырдзыстоны хицауад Анаклийы арфдоны порты арæзтады фæдыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй Анаклийы порты арæзтадæн ис сæйраг нысаниуæг Гуырдзыстоны транзитон функциты фæтыхджындæр кæныны æмæ уый фæстиуæгæн дæр бæстæйы æнæфæцудгæ экономикон размæцыды сифтонг кæныны хъуыддаджы.
Астæуккаг къæлидоры роль Ныгуылæн æмæ Скæсæны æхсæн транспортон бастдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы дарддæр кæны рæзын». «Астæуккаг къæлидор ссис сеппæтæй цыбырдæр æмæ иуæй-иу нысаниуæгджын базарадон æмæ экономикон фæндаг Европæ æмæ Азийы æхсæн, кæцыйы Гуырдзыстон сæйраг роль æххæст кæны.
Абон максималон хъомысæй кусы нæ порты инфраструктурæ. Рæзт æвдыст цæуы алы хуызы уæзты дæр. 2026-æм азы январæй апрелмæ уæзты зилдух ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 21% фæфылдæр ис, фæстаг цыппар азы мидæг та кумулятивон рæзт 46%-мæ баххæсыд» -расидтис Мариам Квривишвили.
Министр брифингыл куыд банысан кодта афтæмæй, фæстаг азы мидæг, Гуырдзыстоны хицауад бæстæйы транспортон æмæ логистикон секторы дарддæры размæцыды бæлвырд цæстæнгас æмæ стратеги сарæзта, кæцытæ æххæстæй æмдзу кæнынц Астæуккаг къæлидоры уæнг бæстæты транспортон инфраструктурæйы хъомыс фæбæрзонддæр кæныны перспективæтимæ.
«2032 азмæ Гуырдзыстоны хицауад 7 миллиард доллар бахардз кæндзæн транспортон æмæ логистикæйы секторы стратегион инфраструктурæмæ». Снысангонд инвестицитæм хауы Анаклийы арфдоны порты арæзтад, Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы системæйы модернизаци, æмæ автомагистралты хызæджы фæуд.
Хицауады политикæ, реализацигонд реформæтæ æмæ партнер бæстæтимæ æмгуыстад æвзæрын кодтой æнæпрецедентон æхсæнадæмон цымыдисдзинад Анаклийы арфдоны порты проектмæ — сыхаг бæстæтæй, Астæуккаг Азийы паддзахадтæй, Китайæ æмæ Персы бакæлæнæй, афтæ ма ныгуылæйнаг компанитæй.
Уымæ гæсгæ бæрæг у, цæмæй проект «Анаклиа» ныридæгæн райста æрмæст регионалон нæ фæлæ ма æхсæнадæмон стратегион инфраструктурæйы проекты статус дæр.
Бирæ бæстæты æмæ æппæтдунеон компаниты æрдгæй проектмæ рæзгæ цымыдисдзинад хынцгæйæ, Гуырдзыстонæн ахсджиаг у, цæмæй Анаклийы рæзт бындуриуæг кæна ахæм моделыл, кæцы сифтонг кæна паддзахады сæйраг роль стратегион инфраструктурæйы размæцыды, æмрæстæджы сараздзæн конкурентон уавæр, кæцы нымайдзæн бирæнымæц интересджын партнер бæстæты æмæ компаниты интерестæ», -расидтис Мариам Квривишвили.