ИНО-йы генералон ассамблей оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионæй  тыхбын бынативгæ  уæнгты статусы фæдыл резолюци райста, кæцыимæ сразы ис 100  паддзахад
ИНО-йы генералон ассамблей оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионæй тыхбын бынативгæ уæнгты статусы фæдыл резолюци райста, кæцыимæ сразы ис 100 паддзахад

Нью-Йоркы,  ИНО-йы  генералон ассамблей, 77-æм сессийы фæлгæтты, райста  Гуырдзыстоны æмæ дунейы æндæр æмæ æндæр рекгионы  63 бæстæйы  инициргонд  резолюци – «Абхазæй, Гуырдзыстон æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, тыхбын бынативгæ  уæнгты æмæ  лигъдæтты   статусы фæдыл» .  Гуырдзыстоны æдагполитикон уагдоны информацийæ,   резолюциимæ  сразы ис  100 паддзахад.

«Гуырдзыстон фæнысангонд  резолюци ИНО-йы  генералон ассамблейыл  2008 азы  фæстæ  регуляронæй  бавдисы.  Резолюци  фауы   Уæрæсейы  æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты  тыхон  фæндагæй  сæххæст  демографион   ивддзинæдтæ, бæлвырд кæны   лигъдæтты  бартæ, этникон   равзæрдмæ нæкæсгæ,  æрыздæхой сæрмагонд хæдзæрттæм  аккаг æмæ æдæрсгæйæ æмæ хахх кæны  сæ сæрмæмулкы  барæн цыт æмæ  хъахъхъæды æнæмæнгхъæуныдзинад.

Гуманитарон контекстæй дарддæр ма,  резолюцийæн ис  практикон  нысаниуæг дæр,  уый тыххæй  цæмæй  уый ИНО-йы  генералон нымæрдарæн  хæс кæны,  Гуырдзстоны цæрæг  лигъдон цæрджыты  уавæры æмæ  резолюци сæххæсты  фæдыл  æрвылазон   хыгъдлæвæрды æрцæттæ кæнын.   Фæнысангонд   сæрмагонд нысаниуæг исы  Уæрæсейы æрдгæй  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл адæймаджы барты  æрдгæй  уæвæг    уæззау  уавæры æмæ æхсæнадæмон  мониторингы  механизмты  нæуæыны фоныл, кæцы  ноджы иу  къуылымпыдзинад æу  тыхбын бынативгæ  уæнгты æмæ  лигъдæтты æдас æмæ аккагæй  æрыздахыны фæндагыл  æмæ сæрмагондæй нысаниуæгджын у ацытæккæ,  Уæрæсейы  æрдгæй  Украинайы  ныхзмæ сæххæст агрессийы фæстиуæгæн  лигъдæтты  æмæ  тыхбынбынативгæ  уæнгты  нымæцы  нысаниуæгджын рæзт  дунейы  уæвæг   уæззау  гуманитарон   уавæр ноджы  куы фæфыддæр кодта  уæд.

Резолюци  афтæдæр   сиды   Женевæйы  бадзырдты  хайадисджытæм, фæактивон кæной   тыхархайд  Уæрæсейы  æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты  æдадсзинады æмæ адæймаджы  барты  æрдгæй  уæвæг   уавæр фæхуыздæр кæнынæн, кæцы йæхи æрдгæй  ахъаззаг уыдзæн  тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ  лигъдæтты сæрмагонд хæдзæрттæм   æрыздахыны процессæн» дзырдæуы фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийы.