Урсула фон дер Лайен – тобæ сæвæрдзыстæм  Кремлы медиа-машинæйыл Евроцæдисы, «Раша Тудей», «Спутник»  æмæ сæ  дæлбар компанитæн нал уыдзæн  фадат  дезинформаци хæлиу кæнын  æмæ   Путины  хæсты рæстытæ кæнын
Урсула фон дер Лайен – тобæ сæвæрдзыстæм Кремлы медиа-машинæйыл Евроцæдисы, «Раша Тудей», «Спутник» æмæ сæ дæлбар компанитæн нал уыдзæн фадат дезинформаци хæлиу кæнын æмæ Путины хæсты рæстытæ кæнын

Еврокомиссийы  президент Урсула фон дер Лайены  фидиуæнæй,  евроцæдис  тыхджын кæны  æххуыс  Украинайæн  æмæ санкцитæ  Уæрæсейæн.

«Евроцæдисноджы иу  хатт тынг  кæны йæ  æххуыс Украинайæн  æмæ санкцитæ та  агрессоры  ныхмæ,к æцы у Путины Уæрæсе.  Фыццаг  хатт Евроцæдис  сфинанс кæндзæн хæцæнгарзы æмæ  æндæр ифтонггæрзты   балхæд    æмæ  ифтонгад уыцы æбстæйæн , кæцы у  лæбурды  объект.  Уый у  скуыддзаггæнæг  момент. Ацы рæстæджы    карздæр кæнæм  санкцитæ  Кремлы  æмæ йæ  коллаборатор Лукашенкойы  режимы ныхмæ» –  райхъусын кодта Урсула фон дер лайен.

Уыимæ ма фон дер Лайены дзырдæй, «тобæ сæвæрдзысты Кремлы  медиа-машинæйæн  Евроцæдисы».

Урсула фон дер Лайен  куыд банысан кодта афтæмæй,   кусынц инструментыл, ома  тобæ сæвæрой  знаггадгæнæг    дезинформацийыл Европæйы.

«Ноджы иу  прецедент цæмæн нæй  ахæм уынаффæйæ,   тобæ сæвæрдзыстæм   Кремлы медиа-машинæйыл  Евроцæдисы – паддзахады сæрмагонд «Раша Тудейы» æмæ «Спутникыл», афтæма  сæ дæлбар компанитæн нал уыдзæн фадат  сæ  мæнг информацитæ  хæлиу кæнын, Путины хæст рæстытæ кæнын æмæ   нæ  организацийы æхсæн  хъаугъа цырын кæнын.  Кусæм  инструменттыл,ц æмæй   тобæ сæвæрæм ацы токсикон , знаггадгæнæг  дезинформацийыл Евроæпйыл» –  райхъусын кодта  Урсула фон дер Лайен.