Украинайы  уæлвæтк уавæрты куыст -  Каховкæйы ауазæны  стынды фæстиуæгæн  цæугæдоны  Хуссары уæвæг   цæрæн рæтты, доны бæрзæнд этапгай рæзы
Украинайы уæлвæтк уавæрты куыст - Каховкæйы ауазæны стынды фæстиуæгæн цæугæдоны Хуссары уæвæг цæрæн рæтты, доны бæрзæнд этапгай рæзы

Украианйы уæлвæтк уавæрты  куысты  информацийæ, Каховкæйы   ауазæны  атынды   фæстиуæгæн   цæугæдоны  Хуссары уæвæг   цæрæн рæтты, доны бæрзæнд   этапгай рæзы. Афтæма сæ хъусинагæй   хайгай кæнæ  æххæстæй   сцад ис  50-ы онг   цæрæн пункт.

Горæт  Херсоны  доны бæрзæнд фондз æмæ æрдæг метры бæрц у. Украинайы  хицауады   хъусинагæй,  цæугæдон Днепры   рахис былæй   эвакуацигонд сты  дыууæ мины онг адæймаг. Сæ нымæцы 103  сывæллон. Ирвæзынгæнæн куыстыты  минæвæрттæ  300-ы онг  адæймагы  фервæзын кодтой.

Оккупацигонд  галиу былæй, уырысаг тыхтæ  цыппар мины онг адæймагы эвакуацийы  тыххæй  хъусын кæнынц.