Алексей Арестович – Украина  стратегион  куымауы ис, ныгуылæны хай цæттæ у, нæ  зæххытæй æмæ нæ тугæй бафида цæмæй  Уæрæсе ма фембылд уа, ма ахиза Китайы дæлбар, мах ацы хæсты ныууагъдтой
Алексей Арестович – Украина стратегион куымауы ис, ныгуылæны хай цæттæ у, нæ зæххытæй æмæ нæ тугæй бафида цæмæй Уæрæсе ма фембылд уа, ма ахиза Китайы дæлбар, мах ацы хæсты ныууагъдтой

Украина  ныр стратегион къуымауы ис, ныгуылæны хай цæттæ у, нæ  зæххытæй æмæ тугæй бафидынмæ, цæмæй Уæрæсе ма фебылд уа, ма ахиза  Китайы дæлбар –  уый фæдыл  Украинайы  президенты  администрацийы   раздæры  уынаффæгæнæг  Алексей Арестович  украинаг   журналистимæ  Николай  Фельдманимæ  Ютуб-каналыл»  интервьюйы   райхъусын кодта.

Алексей Арестовчи  куыд банысан кодта афтæмæй,  Стамбулы  сабырадон  инициативæтæ, кæцыты  Уæрæсе æвæрдта  нæ уыдысты æвзæр.

«Бæрзонддæр политикон   къухдариуæгад  бæрны райуæрст  нæ æфсæддæтты Британийы  премьеры Борис Джонсоны æхсæн уыд.  Логикæ ахæм у,  мах Стамбулы æрдзырдтаиккам, фæлæ нæ сымах  стыр  хæстмæ баластат  æмæ ацы стыр хæсты  рæстæджы нæ  хъæугæ  бæрцæй нæ ифтонг кодтат, цæмæй ацы хæстæн бафæразæм, кæцы   у æцæгдæр.  Фæлæ  уый зæгъæн нæй  стыр хæстмæ  баласыны  йрдгæй, ам нрыма сбæрæг кæнинаг  у  цы æрцыд.  Æз уыдтæн Стамбулы бадзырдты хайадисæг, фæлæ  æргомæй  ку зæгъон  нæ  зонын куыд æрцыд, цæмæй   мах ахицæн кодтам  Стамбулы бадзырдты фæуромын. Хъуыды кæнын  тынг  бирæ эмоцион  бадзырдтæ  Бучæйыл, ома Бучайы фæстæ, афтæ  нал ис гæнæн.  Фæлæ  мæ зæрдыл лæууы, цæмй уырыссаг фарс  нырма дæр дзырдта сабырадон инициативæтыл  æмæ  зæгъдзынæн. Цæмæй Стамбулы  сабырадон  инициативæтæ  æпындæр нæ уыдысты æвзæр» – райхъусын кодта  Арестович.

Йæ фидиуæнæй  Стамбулы  бадзырдтыл уырыссæгтæ  Хъырымы фарстайыл  политикон дискуссийыл дæр разы  уыдысты æмæ прецедент цæмæн нæй  ахæм хатыр кæнынмæ дæр  уыдысты  цæттæ.

Арестовичы дзырдæй, ахæм хатыртæ  Уæрæсейы æрдгæй нал уыдзæн.

Уыимæ Арестович загъта,  цæмæй уый нæ  зоны, чи баласта Украинайы  ацы стыр хæстмæ,  уый президент æмæ  йæ алыварслæуджытæ  зонынц, фæлæ хæст куы райдыдта,  Украинайæн æмбæлгæ  æххуыс  нæ уыдис.

Алексейы Арестовичы дзырдæй,  Украина стратегион  къуымауы уæвы.

«Цæмæн  у сттратегион куымау? Фыццаг –  ныгуылæны позици, кæцыйы хай  цæттæ у  нæ зæххытæй æмæ тугæй бафидынмæ, цæмйæ  Уæрæсе ма фембылд уа, ма ахиза Китайы дæлбар. Уый у  ныгуылæны  интересты, цæмæй паритет ма  фехæла Китайы пайдайæн æмæ йæм ма фæзына  атомон сателлит Уæрæсейы  хуызæй, кæцыйы  æнæфæилгæйæ  нымайынц Уæрæсейы ныппырхы  цауы, кæнæ ма фæзына  егъау  фæныкхуыз  зонæ, кæцыйы администриркæнын уыдон нал бафæраздзысты æмæ кæцы глобалонæй фехалдзæн   стабилондзинад. Æмбарын, уый у закъонон нысан, фæлæ йæ сыххæст кæнын æндæр  фæндæгтæй уыдис гæнæн. Ныр уый сыххæст кæнын цæуы абсолютон цинизмæй, украинаг туг калгæйæ.  Дыккаг  момент – нæ  политикон   классы  æмæ  политикон къухдариуæгады  хуырымдзинад æмæ  коррупци.  Æртыккаг   у патриотон  сурæт,  кæцыйы аразгæйæ сæвзæрын кодтой  æмæ йын ницы иумæйаг ис реалондзинадимæ» –  райхъуссын кодта Арестович.