Украинайы  сæрмгаонд куыстыты информацийæ,  бæстæмæ Уырыссаг интервенцийы  фыццаг  бонæй  абоны  онг  Харьковы иууыл цъус 500 адæймаг амард
Украинайы сæрмгаонд куыстыты информацийæ, бæстæмæ Уырыссаг интервенцийы фыццаг бонæй абоны онг Харьковы иууыл цъус 500 адæймаг амард

Украинамæ  Уæрæсейы  интервенцийы райдайæнæй  абоны онг, горæт Харьковы иууыл  цъус  500  цæрæгы  амардтой –  информаци уый тыххæй   горæты сæрмагонд куыстытæ  хъусын кæнынц.

Харьков Украинайы асæй  дыккаг   горæт у, кæцыæй фæстаг   цалдæр къуыри   Уæрæсейы æрдгæй цæуынц  бомбæппæрстытæ.

Фæстаг  иу бонмæ   Харьковы  бирæуæлапдзыгон  цæрæн  корпусыл бомбæппæрсты фæстиуæгæн  2 адæймагы  амард.

ИНО-йы  бæрæггæнæнтæй, Украинайы  хæстон архæйдтыты  фæстиуæгæн, ацы  рæстæджы бæрæггæнæнтæй,   амард  иууыл цъус 691  сабырадон æмбæстаг, 1 143 та  фæцæф ис.