Украинайы антикоррупцион прокуратурæ, Петро Порошенкойы ныхмæ фæдагуырд райдыдта
Украинайы специалон антикоррупцион прокуратурæ, Украинайы экс-президенты ныхмæ фæдагуырд райдыдта. Петро Порошенкойы кусæн барты сæрты ахизыны зылынджын кæнынц. Уагдоны ахæлиугонд фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, зæгъгæ хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд Порошенкойы æмæ æндæр бæрзонд рангы гæсты ныхмæ.
« Ист æрцыд уынаффæ æмæ информаци хаст у тæрхонагъоммæ фæдагуырдты иууон реестрмæ» – дзырдæуы Украинайы антикоррупцион прокуратурайы фидиуæны.
Сæрмагондæй та хъуыддаг æххæссы, Украинайы электроэнергийы амалиуæггæнæг акæнæг компани «Центрэнергойы» хицауады бæрзонд гæсты снысан кæнынмæ.
«Бæрзонд гæстæ æмæ компани «Центрэнергойы» æвджиддар советы уæнгтæ, Украинайы паддзахадон сæрмæмулкы фонды бæрзонд гæстимæ æмæ хицауады архайæг уæнгтимæ иумæ, фыдвæнд пайда кодтой сæ кусæн бартæй æмæ статусæй, кæрæдзийæн хай кодтой постытæ «Центрэнергойы» æвджиддар советы æмæ хицаугæнæг оргæнты. Уымæн мысан уыд уыцы компанийы мулкъ хибакæнын, кæцыйы акциты кантролон пакет дары паддзахад. Ацы гоймæгты къордæн координаци кодта депутат Игорь Кононенко æмæ Украинайы раздæры президент Петро Порошенко» – дзырдæуы прокуратурæйы фидиуæны.