«Стыр Авды» бæстæты юстицийы министртæ фыцццаг  хатт æрымбырд уыдзысты, Украинайы æрцæугæ æфсæддон  фыдракæндты  фæдагуырды  фарста æркæсынмæ
«Стыр Авды» бæстæты юстицийы министртæ фыцццаг хатт æрымбырд уыдзысты, Украинайы æрцæугæ æфсæддон фыдракæндты фæдагуырды фарста æркæсынмæ

«Стыр Авды» бæстæты юстицийы министртæ  фыццаг  хатт æрымбырд уыдзысты  Украинайы    цы æфсæддон  фыдракæндтæ  æрцыд   уыдæтты фæд равзарынæн. Украинаг медиайы хуъсинагæй,   уый  фæдыл «Стыр Авды»  сæрдар бæстæйы Германийы  юстицийы  министр Марко  Бушман  райхъусын кодта.

Фембæлд  28 ноябры Берлины ацæудзæн.

«Фæныхас  кæндзыстæм Украинайы территорийыл  æрцæугæ   æфсæддон фыдракæндтыл, кæцыйы  фæд равзарын  æмæ фыдгæнджыты дзуаппмæ раттын нæ  фæнды. Уый тыххæй  æрныхас кæндзыстæм эффективондæр координацийыл», – райхъусын кодта немыцаг  бæрзонд гæс.