Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ сусæг  ныффыстыты хъуыддагыл  фæдагуырд цæуы
Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ сусæг ныффыстыты хъуыддагыл фæдагуырд цæуы

Æвзарæнон кампанийы рæстæджы æгæрон  хахуырмæ ма бамхас ис  уыцы  антинацион  антипаддзахадон  хъуыддаг æмæ провокаци, сусæгвæнд, кæцыйы сплан кодтой  нæ  паддзахады ныхмæ,  паддзахады æдасдзинады куысты, аргъуаны  ныхмæ,  мæ хъуыдыйы  дарын  ацы фабрикаци æмæ  ахæлиугонд æрмæджытæ, кæцыты дæр,  иннæтимæ зæгъгæйæ фæдагуырд тынг цырд темпæй  размæ цæуы  æмæ мæ ныфс ис,  æхсæнад тынг  тагъд базондзæни  реалон  аххосæгтæ – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили  райхъусын кодта.

Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй,  зæгъгæ алы адæймаг   уыдзæн лæвæрд дзуаппмæ  æмæ æфхæрд,  афтæдæр  лæвæрд уыдзæн тæрхонмæ.

«Вæццæгæн, дис уæм нæ фæкæсдзæни,  мах тынг дзæбæх зонæм, кæйимæ у баст  ацы æлгъаг ми.  Ай у Саакашвили  æмæ йæ  ног æмцæдисонтæ.  Иннæ деталты тыххæй  уын фæдагуырд радзурдзæн.  Æмцæдисонтæ æмæ  æмцæдисон дæр, сæйраг гадзрахат æмцæдисонтæ дæр» –  райхъусын кодта премьер-министр.

Журналисты фарстæн,  у æви нæ ахæм Гахариа,  хицауады сæргълæууæг  дзуапп ратта, цæмæй йæ  рагафон исты зæгъын нæ фæнды, фæлæ фæдагуырд тынг цырд темпæй цæуы, алы фарстæн  дзуапп  уыдзæн æмæ  закъоны  раз  алчи дзуаппмæ лæвæрд уыдзæн тынг карз.