Украинайы æддагполитикъон уагдон - Украина нымадмæ нæ исы мæнг «æвзæрстытæ» оккупацигонд Абхазы
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад тызмæг фауы, Гуырдзыстоны регион, Оккупацигонд Абхазы, Уæрæсейы Федерацийы кантролгондæй, 2019 азы 25 августы, а.х. президентон æвзæрстытæ кæй цæуынц уый – ахæм фидиуæны публикаци кæны Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, а.х Абхазы Респбуликæйы æмæ Хуссар Ирыстоны Респубикæйы «хæдбардзинад» банымады уынаффæ ногæй æркæса.
«Украина нымадмæ нæ исы фæнысангонд мæнг (фейк) «æвзæрстытæ» æмæ сæм кæсы куыд Уæдæресийы Федерацийы радон провокацион архайд, проуырыссаг сепаратистон режимы легитимаци скæна оккупацигонд ГУырдзыстоны территорийыл – Абхазы.
Украина æнæивгæйæ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты æмæ нымадмæ нæ исы, оккупацигонд Абхазы, Гуырдзыстон, æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирытсоны, Гуырдзыстон, а.х. хæдбардзинад.
Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, скад кæна æхсæнадæмон барады нормæтæн æмæ принциптæн æмæ æнæфевгъуыгæ сæххæст кæна йæхимæ цы хæстæ райста уыдон, афтæдæр а.х. Абхазы Республикæ æмæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы «хæдбардзинады» банымады уынаффæ ногæй æркæса» – банысангонд у фидиуæны.
Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Абхазы абон, а.х. президентон æвзæрстытæ цæуынц. Оккупацион режим куыд хъусын кæны афтæмæй, «Президенты постмæ тохы кæнынц фараст кандидаты æмæ сæ нымæцы ис архайæг президент Рауль Хаджимба». Уæрæсейы оккупацигонд регионы арызт сты «35 æвзæрстгæнæн зылд æмæ 152 фадыгы».