Украинайы æддагполитикон уагдон – Украина хъæддых йæ фарс  хæцы   Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн, Уæрæсе деоккупаци хъуамæ скæнæт  Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  территоритæ
Украинайы æддагполитикон уагдон – Украина хъæддых йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, Уæрæсе деоккупаци хъуамæ скæнæт Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территоритæ

Уæрæсе, деоккупаци  хъуамæ  скæнæт   Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  территоритæ, уырыссаг  æфсæддон фыдгæнджытæ та  тызмæг дзуаппмæ  лæвæрд  хъуамæ æрцæуой, –  уый фæдыл  Украинайы  фæсарæн хуъыддæгты министрады фидиуæны у  банысангонд.

Украинайы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны фидиуæны  куыд дзырдæуы  афтæмæй,   Дунейы   дзыллæйæ, Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст   агрессийыл   æмбæлгæ дзуапп кæй нæ уыдис,  уый тыххæй 2014 азы  Уæрæсе  адарддæр кодта  тыхæйисæг  архæйдтытæ  Укранайы.

«7 августы 14  аз  сæххæст ис  Гуырдзыстоны ныхмæ  Уæрæсейы  Федерацийы  гарзджын  фыдракæнд райдаынæй.  Зæгъæн ис декадæ æмæ æрдæджы фæстæ, Уæрæсе  дарддæр кæны   тыхæйисæг  политикæ   Гуырдызстоны ныхмæ,  оккупацийы  дары  Абхаз æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстон,  гуырымыхъхъ халы  адæймаджы бартæ Гуырдзыстоны  ацы   территоритыл.  Украина хъæддых йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  йæ æхсæнадæмонæй  нымад арæнты.  Гуырдзыстоны ныхмæ  сæххæст агрессийыл дунейы дзыллæйæ  æмбæлгæ  дзуапп кæй нæ  уыдис уый тыххæй, 2014 азы  Уæрæсе адарддæр  кодта   тыхæйисæг архæйдтытæ  Украинайы – сыххæст кодта   Хъырымы æмæ  Донецк æмæ Луганскы  зылдты   хайгай оккупаци, æрмæст 2022  азы  24 февралы  райдыдта æххæстмасштабон  хæст  Украинайы  ныхмæ.

Уырнæг  стæм, цæмæй ис гæнæн   Уæрæсейы Федерацийы  агрессивон политикæ  бауромын  æхсæнадæмон   дзыллæйы  иумæйаг   тыхархайдæй, Уæрæсейы ныхмæ  санкциты  режимы  карз хъахъхъæды æмæ  уыцы бæстæтæн æппæтылæххæссæг  фарсхæцынæй, кæцытыл Мæскуы  æххæст кæны аргеси.  Уæрæсе, Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территориты  хайы деоккупаци хъуамæ скæнæт æмæ  уырыссаг æфсæддон фыдгæнджытæ та  тызмæг дзуаппмæ  лæвæрд æрцæуæд», – дзырдæуы  фидиуæны.