Украинайы æддагполитикон уагдон – публикон мадзалы  æфсæддон фыдгæнæгимæ иумæ  хайад райсын у, Украинайы ныхмæ  аморалон æмæ æнæхæлар къахдзæф
Украинайы æддагполитикон уагдон – публикон мадзалы æфсæддон фыдгæнæгимæ иумæ хайад райсын у, Украинайы ныхмæ аморалон æмæ æнæхæлар къахдзæф

Украина  9 майы   Мæскуыйы уагъд  мадзæлтты  хайад райсын  æнæхæлар къахдзæфыл нымайы – уый фæдыл Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны дзырдæуы.

Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæн æххæссы   Сомихыстоны, Хъазахы, Хъиргизы, Таджикистаны, Туркменистаны  æмæ Узбекистаны   лидерты  мадзалы хайад райсынмæ.

Украинайы æддагполитикон уагдоны банысан кодтой, цææмй  мадзалы цыды рæстæджы, Уæрæсейы  презердент  владимир путин  сраст кодта Украинайы  горæтты æмæ  хъæуты   пырх.

«Нымайæм цæмæй   ацы  паддзхахадты  лидерты  хайад райсын   публикъон мадзæлтты  æфсæддон фыдгæнæджы  фарсмæ,  кæцы  парады раззаг æхсæв  25  базырджын ракетæ фехста  Украинайы  æрдæм у аморалон  æмæ æнæхæлар  къахздзæф  Украинайы  ныхмæ,  украинаг адæммæ хæрамдзинады равдыст, кæцы  тох кæны  фервæзын кæнынæн æмæ сæрибардзинадæн» –   банысангонд у  Украинайы   фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.