Украинайы  æддагполитикон уагдон – тызмæг фауæм  Уæрæсейы æрдæгй а.х.  президентон æвзæрстытæ  ауадзын оккупацигонд Цхинвалы  регионы
Украинайы æддагполитикон уагдон – тызмæг фауæм Уæрæсейы æрдæгй а.х. президентон æвзæрстытæ ауадзын оккупацигонд Цхинвалы регионы

Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад  тызмæг фауы  Уæрæсейы  Фекдерацийы æрдгæй  а.х.  президентон æвзæрстытæ  ауадзын Гуырдзыстоны, оккупацигонд  Цхинвалы  регион/Хуссар Ирыстоны  территорийыл – уый фæдыл  банысангонд у  Украинайы   фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.

Украинайы  æддагполитикон уагдоны  фидиуæнæй,   æнæзакъонон «æвзæрстытæн» сæ нысан у  Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны суверенон   территорийы хайы оккупацийы  легитимаци скæнын, йæ ныхмæ у  æхсæнадæмон  барадæн æмæ  йæм нæй   барадон  фæстиуджытæ.

Украинайы  æддагполитикон уагдоны  фидиуæны банысангонд у, цæмæй   Гуырдзыстоны Уæрæсейæ  оккупацигонд  территоритыл  уагъд æнæлегалон  хъæлæскæнынад,уыцы рæстæджы, уырыссаг æфсад   куы дарддæр кæны  Украинамæ  лæбурд, гæнæн ис  нысаниуæгджынæй  фæфыддæр кæна  æдасдзинады  уавæр   Сау Денджызы  регионы  æмæ сæвзæрын кæна  дарддæры  бындур  Гуырдзыстоны  ныхмæ  ног агрессийæн.

«Украина кæддæриддæр  й æ  фарс хæцы  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  йæ  æхсæнадæмонæй  нымад  арæты. Уæрæсе  хъуамæ сыххæст кæна  2008 азы 12  августы  æхст фæурæды  фæдыл  бадзырдæй  лæвæрд хæстæ æмæ  фæстæмæ  ахæсса   Абхазы, Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны  а.х. хæдбарады фæдыл уынаффæ, афтæмæ  рæстæгмæ  оккуыпацигонд территориты Донецк æмæ  Луганскы регионты.  Уырнæг стæм, цæмæй Уæрæсейы  ныхмæ  карз  санкцитæ  æмæ сæ  лæмбынæг сыххæст, ахъаззаг уыдзæн   куыд Гуырдзыстон, афтæ Украинайы  территорион  æнæхъæндзинад куыд гæнæн ис  афтæ тагъд сæндидзын кæнынæн.  Курæг стæм æхсæнадæмон æмгарадаæй,  райрæзын кæнæт санкцитæ  Уæрæсейы ныхмæ, цæмæй   уый  тæрхонмæ лæвæрд æрцæуæд  ИНО-ы уагæвæрды  æмæ æхсæнадæмон барады  æндæр  нормæты  гуырымыхъхъ састы  тыххæй»  банысангонд у  Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.