Оккупацигонд Абхазы  а.х. президентон  æвзæрстыты дыккаг  туры, развæлгъау  бæрæггæнæнтæй, фæуæлахиз ис Рауль Хаджимба
Оккупацигонд Абхазы а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг туры, развæлгъау бæрæггæнæнтæй, фæуæлахиз ис Рауль Хаджимба

Оккупацигонд Абхазы  а.х. президентон  æвзæрстыты дыккаг  туры, развæлгъау  бæрæггæнæнтæй, фæуæлахиз ис архайæг де-факто  президент Рауль Хаджимба.   Уый  хъæлæсты  47,38  процент райста, йæ  ныхмæлæууæг  Алхас  Къвициниа  та – 46,19%.

Де-факто  Централон Æвзæрстгæнæг Камисы сæрдары  Тамаз  Гогиайы  фидиуæнæй,   хъауджыдæрдзинад  у  иу  мин хъæлæсы онг.

Рауль Хаджимба  йæхи уæлахизгондæй  фæстиуджыты публикацийы  размæ,   сæрмагонд  бæрæггæнæнтыл æнцойæ райхъусын кодта æмæ  фарсхæцджытимæ иумæ,  уæлахиздзинад банысан кодтой   æвзарæнон штабы.

А.х.  æвзæрстыты  фæстиуджытимæ разы  нæу  Алхас Къвициниа.  Уый  бахъаст кæнын хъавы.

Оккупацигонд территорийыл  æдæппæт 152 æвзарæнон фадыг уыд. Ахæлиугонд хъусинагæй, аюх. Æвзарæнон  фадгуытæм, 83 000-ы  онг  адæймаг бацыд.