Украинайы æддагполитикъон уагдон – Украина  фауы æмæ нымадмæ нæ исы  Уæрæсейы оккупацигонд Цхинвалы регионы  цæугæ  а.х. æвзæрстытæ
Украинайы æддагполитикъон уагдон – Украина фауы æмæ нымадмæ нæ исы Уæрæсейы оккупацигонд Цхинвалы регионы цæугæ а.х. æвзæрстытæ

Украина фауы æмæ  нымадмæ нæ исы  Уæрæсейы  æрдгæй оккупацигонд  Цхинвалы регионы  цæугæ а.х.  парламентон æвзæрстытæ –  уый фæдыл дзырдæуы,  Украинæйы   фæсарæн хъуыддæгты  министрады ахæлиугонд  фидиуæны.

«Украина нымайы, цæмæй   ацы  къахдзæф у  Уæрæсейы æмæ йæ   оккупацион режимы  ноджы иу  архайд,   легитимаци  скæна сырæзт ситауцийы Гуырдзыстоны  регионы, кæцы  у Уæрæсейы  æрдгæй оккупацигонд.  Уый нымæцы   «этникон ныссыгъдæджы»  æмæ  адæймаджы  барты  бирæ  æндæр системон  хæлдтыы легитимаци.  Украина  ноджы иу хатт  бæлвырд кæны  Гуырдзыстоны суверенитет  æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын.  Афтæдæр райы  Гуырдзыстоны  хицауады  арызт  сабырадон   къахдзæфтæй.  Сæ нымæцы  уыдонæй,  кæцытæ æнцойæвæрд сты  инициативæйыл  номхуындæй  «Къахдзæф  хуыздæры фидæны  æрдæм», кæцыйæн йæ нысн у, «Гуырдзиæгты æмæ ирæтты бафидауын» – дзырдæуы   Украинæйы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  веб-фарсыл  публикацигонд  фидиуæны.

Оккупацигонд Цхинвалы регионы, а.х. парламентон æвзæрстытæ  цæуынц.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад дзуапп дæтты  оккупацигонд Цхинвалы   регионы цæугæ  а.х.  парламентон æвзæрстытæн, кæцы гуырымыхъхъ халы Гуырдзыстоны суверенитет  æмæ  территоритон  æнæхъæндзинад  йæ æхсæнадæмонæй  нымад   арæнты.

Афтæма, Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты министрад  сиды  æхсæнадæмон æмгарадмæ,  æмбæлон   аргъ скæнæт   оккупацигонд Цхинвалы регионы   цæугæ а.х. парламентон æвзæрстытæн æмæ  æрсидтис Уæрæсейы Федерацимæ, сæххæст кæна йæхимæ цы æхсæнадæмон  бæрн райста уый æмæ акæна йæ  æфсæддæ  Гуырдзыстоны территорийæ.