ФХМ- А.х. æвзæрстытæ сты  оккупацигонд Цхинвалы регионы  гуырдзиæгты этникон ныссыгъдæджы радон æнæфæстиæг  архайд Уæрæсе æмæ оккупацигæнæг  режимæ æрдгæй
ФХМ- А.х. æвзæрстытæ сты оккупацигонд Цхинвалы регионы гуырдзиæгты этникон ныссыгъдæджы радон æнæфæстиæг архайд Уæрæсе æмæ оккупацигæнæг режимæ æрдгæй

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад дзуапп дæтты  оккупацигонд Цхинвалы   регионы цæугæ  а.х.  парламентон æвзæрстытæн, кæцы гуырымыхъхъ халы Гуырдзыстоны суверенитет  æмæ  территоритон  æнæхъæндзинад  йæ æхсæнадæмонæй  нымад   арæнты.

Æддагполитикъон уагдоны  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   оккупацигонд  территорийыл уагъд  кæцыфæнды  а.х.  æвзæрстытæ  у  æнæзакъонон æмæ  нæй гæнæн  ратта  цыфæнды барадон фæстиуæг,  йæ ныхмæ у  æхсæнадæмон   барады  фундаментон  нормæтæн æмæ  принциптæн.

«ФÆнысангонд а.х.  æвзæрстытæ  сты оккупацигонд  Цхинвалы регионы   гуырдзиæгты этникон  ныссыгъдæджы , æнæзакъонон оккупацийы  æмæ Гуырдзыстоны  суверенон   арæнты  тыхон методтæй  фæивыны  легитимацийы   радон æнæфæстиуæг  архайг  Уæрæсе æмæ  Цхинвалы  йæ  оккупацион  режимы  æрдгæй.

А.х. парламентон  æвзæрстытæ  оккупацигонд Цхинвалы  регионы уагъд цæуынц  уыцы фоныл, оккукпацигонд Гуырдзыстоны территоритæй тыхбын бынативгæ  уæнгты æмæ æлигъдæттæм лæвæрд куы нæ  цæуы фадат  сæрмагонд хæдзæрттæм  æрыздæхын  æрмæст бынатыл баззайæг  цæрджытæ, тыхыбын сты  фундаментон барты  æмæ  сæрибардзинæдты  æфхæрды уавæрты цæрын.  Иурæстæгонæй, Уæрæсейы  Федераци  дарддæр кæны   оккупацигонд территориты  милитаризаци,  кантрол æмæ фактон  анексийы  процесс,  Евроцæдисы  æхсæныбацыдæй  2008  азы   12 августы   æвæрд   æхсæты  фæурæды  бадзырды  бынтон ницæмæдаргæйæ»- хъусын кæнынц  фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты министрад  сиды  æхсæнадæмон æмгарадмæ,  æмбæлон   аргъ скæнæт   оккупацигонд Цхинвалы регионы   цæугæ а.х. парламентон æвзæрстытæн æмæ  æрсидтис Уæрæсейы Федерацимæ, сæххæст кæна йæхимæ цы æхсæнадæмон  бæрн райста уый æмæ акæна йæ  æфсæддæ  Гуырдзыстоны территорийæ.