Украинайæн АИШ-ы финансдзинад афæдзы кæронмæ сæвдæлон уыдзæн – «Файненшл Таймсы» информацийæ, уый фæдыл дзырдæуы Урс Хæдзары администрацион-бюджетон офисы директоры Шаланда Янгы фвстæджы кæцыйы уый Конгресы лидертæм арвыста.
Фыстæгмæ гæсгæйæ, Конгрессы архайдæй цух, афæдз кæронмæ сæдæлон уыдзæн ресурстæ Украинайæн фылдæр æхсæнгарзы æмæ ифтонггæрзты балхæнынæн, афтæма куыд америкаг æфсæддон фæтсауæрцæй ифтонггæрзты раттынæн.
Фыстæджы банысангонд у, цæмæй Конгрессы дæуд, ног фарсхæцын сбæлвырдыл «йæ зонгуытыл слæууын кæндзæнКИевы хæсты быдыры», афтæдæр «райрæзын кæндзæн Уæрæсейы æфсæддон уæлахиздзинады æвæццæгæнад».
«Нæй финансдзинады диссаджы къопп ацы моменты сыххæст кæнынæн. Махмæ нæй æхца æмæ зæгъæн ис цæмæй нын нал ис рæстæгдæр. Украинайы экономикæ куы ныппырх уа, уыдон нал бафæраздзысты хæст адарддæр кæныню. Путин уый дзæбæх æмбары, цæй тыххæй дæр Уæрæсе Украинайы экономикæйы скуынæг кæнын йæ стратегийы хайæ скодта, кæцыйы фенын уæ бон у Украинайы хоры экспорты æмæ энергетикон инфраструктурæйы ныхмæ бырстыты» – банысангонд у фидиуæны.
Уæдмæ АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатæйы спикер Майк Джонсон райхъусын кодта, цæмй уый уырнæг у, ома АИШ-ы Конгресс бафæраздзæн уæлæмхас суммæтæ адæттын цыппурсон улæфтыты онг Израил æмæ Украинайæн баххуыс кæнынæн. Сентябры Урс Хæдзар Конгрессæй ракуырдта сбæлвырд кодтаит 106 миллиард доллары бæрц уæлæмхас финансдзинады пакет, кæцыйы ис 61 миллиард долларæй фылдæр финансдзинад Украинайæн, афтæма Израилæн, Тайван æмæ арæны æдасдзинадæн, фæлæ инициативæ минæвæртты палатæйы республикæгты ныхмæлæуды тыххæй уыд урæд.