Украинаг медиайы информацийæ, уырыссаг оккупанттæ Запорожьейы  зылды  ИНО-йы миссимæ ныббырстой
Украинаг медиайы информацийæ, уырыссаг оккупанттæ Запорожьейы зылды ИНО-йы миссимæ ныббырстой

Уырыссаг   оккупанттæ  Запорожьейы   зылды  ИНО-ы  миссимæ  ныббырстой – уый фæдыл   Запорожьейы   зылды  æфсæддон администрацийы  къухдариуæггæнæг   Александр  Старух   фехуъсын кодта.

«Агрессор бæстæ, кæцы   дзырд ратта, цæмæй  æхстæй  йæхи фæурæдтаит,  ныббырста   ИНО-йы  гуманитарон  миссимæ, кæцы  гуманитарон æххуыс  нылласта  горæт  Орихивмæ» –  хъусын кæны  Александр  Старух.

Украинаг   медиайы  информацийæ, 7 январы изæр,  уырыссаг   тыхтæ горæт Заопрожьейы æддаг сыхтыл ракетон   бырстытæ   сыххæст кодтой  уыцы фоныл,  Уæрæсейы презердент  владимир путин  хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйæн  Цыппурсы  периоды  æхст фæурæды фæдыл  бардзырд куы ратта.