Украинаг медиайы информацийæ, контрбырсты фæлгæтты,  Украинайы æфсады хайадтæ  Донецкы  регионы ноджы иу цæрæн пункт ссæрибар кодтой
Украинаг медиайы информацийæ, контрбырсты фæлгæтты, Украинайы æфсады хайадтæ Донецкы регионы ноджы иу цæрæн пункт ссæрибар кодтой

Контрбырсты фæлгæтты, Украинайы  æфсады  хайадтæ,  Донецкы  регионы ноджы иу  цæрæн пункт ссæрибар кодтой.

Украинаг медиайы информацийæ, Одессæйы  денджызщон фистæгтæ  Донецкы  регионы  хъæуы Сторожевоейы ссæрибары фæдыл  райхъусын кодтой. Фæнысангонд цæрæн пункт  оккупацийы бын  2022  азы  марты фæстæ  уыд.

«Цæрæн пункты знагæй сæвæдлон кæныны фæстиуæгæн цыппоры онг   рашист скуынæг ис, цыппар сты уацары. Абон  паддзахадон тырыса  та ногæй фæйлауы  Сторожевоейы  æмæ афтæ  уыдзæн  алы  цæрæн пункты,  æппæт Украинайы  зæххы  куы  ссæрибар кæндызстæм»- банысангонд у Денджызон фистæгты  бригадæйы  фидиуæны.

Цæрæн  пункты деоккупаци Украинайы  хъахъхъæнынады министрады  дæр сбæлвырд кодтой.