Украина-Белорусы арæныл райдыдта украинаг æмæ уырыссаг  делегациты æхсæн бадзырдтæ
Украина-Белорусы арæныл райдыдта украинаг æмæ уырыссаг делегациты æхсæн бадзырдтæ

Украина-Белорусы  арæныл украинаг æмæ уырыссаг делегациты æхсæн  бадзырдтæ  райдыдта, кæцыйы сæйраг  фарста, украинаг фарс куыд дзуры у, æхст æнæаргъæвгæйæ  бауромын  æмæ   Украинайæ  тыхтæ  фæстæмæ акæнын.

Украинайы  фарсæй  делегацийæн къухдариуæг кæны  хицаугæнæг фракцийы  сæрдар Давит Араханиа. Делегацийы  уæнгты æхсæн   сты  хъахъхъæнынады  министр Олекси Резников, фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Николай Точицки, президенты администрацийы  минæвæрттæ,  Радайы  депутат Рустам  Умеров  æмæ  æртæфарсон  контактон  къорды делегацийы минæвæрттæ.

Уыимæ Уæрæсейы делегацийæн къухдариуæг кæны президенты æххуысгæнæг  Владимир  Медински.  Делегацийы афтæдæр сты  фæсарæн хъуыддæгты   æмæ  хъахъхъæнынады  министрадты,  президенты администрацийы æмæ æндæр уагдæтты минæвæрттæ.