Уæрæсейы Украинайы  арæнгæрон, Белгороды  зылды   æфсæддон хæдтæхæг  «Су-24» æрхаудта
Уæрæсейы Украинайы арæнгæрон, Белгороды зылды æфсæддон хæдтæхæг «Су-24» æрхаудта

Уæрæсейы, Украинаимæ арæнгæрон   уæвæг  Белгороды  зылды    æфсæддон   хæдтæхæг   «Су-24» æрхайудта. Æмбæлгæ информаци хъусын кæны  уырыссаг медиа  бынæттон  хицауадыл æнцойæ.

Агентад   «ТАСС»-æн  хъомысджын  струткурæты куыд фехъусн кодтой  афтæмæй,   пилотæн бантыстис   катапультæ скусын кæнын. Йæ уавæр  ныр  бæрæг нæу.

Æрхауды фæстиуæгæн   хæдтæхæгыл  фæзындтис  сыгъд, кæцы  фæстæдæр   хæдзарадон бæстыхайыл дæр ахæлиу  ис.

Бынатыл  уæлвæтк уавæрты  министрады  кусджытæ  æмæ фæдагурджытæ  кусынц.