Уæрæсейы ныхмæ Евроцæдисы санкциты адарддæр æмæ фæкарздæр кæныны фæдыл уынаффæмæ баиу сты аст бæстæйæ
Уæрæсейы ныхмæ Евроцæдисы санкцитæ ададдæр æмæ фæкарздæр кæныны фæдыл уынаффæмæ ноджы аст бæстæ баиу сты. Уый фæдыл дзырдæуы Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары фидиуæны.
Евроцæдисы санкциты 2023 азы 15 марты онг адарддæр кæныны фæдыл уынафæ сентябры рахаста, декабры та Украинамæ интервенцийы тыххæй Уæрæсейы ныхмæ архайæг тобæтæ фæкарз сты æмæ «Сау номхыгъд» ауæрæхдæри.
Советы уынаффæмæ баиу сты кандидат бæстæтæ: Цæгат Македони, Монтенегро, Албани, Украина æмæ Босни-Герцоговинæ, афтæма сарибар базарады Европæйы ассоциацийы бæстæтæ – Исланди, Лихтенштейн æмæ Норвеги.
Евроцæдисы хъусинагæй, фæнысангонд бæстæтæ сифтонг кæндзысты, цæмæй сæ националон политикæ, Советы уынаффæтимæ æмбæлон уа. Евроцæдисы райынц ацы уынаффæйæ.