Уæрæсейы фæстаг 24 сахатмæ коронавирусæй фæрынчыны 270 ног цау рабæрæг ис
Уæрæсейы фæстаг 24 сахатмæ коронавирусæй фæрынчыны 270 ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информацийы уырыссаг медиа, вирустимæ ттохы оперативон штабыл æнцойæ хъусын кæны.
Уырыссаг медийы хъусинагæ, фæстаг 124 сахаты мидæг бæстæйы ног типы коронавирусы амæттаг фесты цыппар адæймаг, уыдонæй дыууæ Мæскуыйы, иу Оренбургы бæстæйы, иу та Петербургы æрбамард.
Æмтгæй райсгæй, «Ковид-19»-æй Уæрæсейы аст адæймаг амард. Уæрæсейы ног типы коронавирусæй фæрынчыны 1 534 цау рабæрæг ис, 64 та сдзæбæх ис.