Уæрæсейы  Белгороды губернатор хъусын кæны, цæмæй зылды  иуæй-иу районмæ  бабырста Украинайы  гарзджын тыхты   къорд
Уæрæсейы Белгороды губернатор хъусын кæны, цæмæй зылды иуæй-иу районмæ бабырста Украинайы гарзджын тыхты къорд

Уæрæсейы  Белгороды зылды  губернатор  хъусынк æны, цæмæй  зылды иуæй-иу районмæ, Украинайы  гарзджын тыхты  диверсион-рагысгарæгон  къорд бацыд.  Вячеслав  Гладковы  дзырдæй, зæгъгæ   ныхас цæуы  Белгороды зылды Грайворонскы  районыл.

«Уæрæсейы  гарзджын тыхтæ,  рагысгарæг куыстимæ,  росгвардийы æмæ Уæрæсейы  федералон  æдасдзинады куыстимæ  иумæ, исынц хъæугæ мадзæлттæ   ныхмæлæууæгы  ликвидацискæнынæн», – фыссы Гладков  телеграм-каналы.

Уæдмæ  Белгороды   хицауад  райъхусын кодта, цæмæй Грайворонскы районыл æхсынц Украинайы гарзджын тыхтæ.

Украинаг æмæ Уæрæсейаг  телеграм-каналтæ  хъусын кæнынц, цæмæй  Уæрæсейы  арæныл   цæуынц  быцæумбæлдтæ  украинаг диверсион-рагысгарæгон къордимæ, сæрмагондæй та, хъусын кодтой, цæмæй æхст бакодтой  арæйнон-ауадзæн пункт  «Грайвороныл».

Уыимæ Уæрæсейы   хицауады  минæвæрттæ  хъусын кодтой, цæмæй  æхст райдыдта афтæдæр  цæрæн  пункт  Козинкайы  æрдæм, цы ран  сармадзаны нæмгуытæ  сæмблдысты  хицæн хæдзæрттыл.

Украинаг телеграмм-канал «Скринка пандоры»  публикаци кодта видео, кæцыйы æвдыст у украинаг  танкы Уæрæсейы  арæйнон-ауадзæн пункт «Грайворонмæ»  бахизыны факт.