Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны хъусын кæыннц, цæмæй адæймаджы барты темæйæ мачи хъуамæ пайда кæна æндæр паддзахадты мидхъуыддæгты хифæкæныны æфсонæн
Адæймаджы барты темæйæ мачи хъуамæ пайда кæнæнт бæстæты мидхъуыддæгтæм хифæкæныны æфсонæй æмæ тыхон архæйдтыты сраст кæнынæн. Уый фæдыл дзырдæуы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады, адæймаджы барты æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ ахæлиугонд фидиуæны.
«Бæстæты бæрæг къордты коньюктурон интерестæн адæймаджы бартимæ сбæттыны архæйдтытæ не нцайынц. Нырма дæр архайы суверенон паддзахадты мид хъуыддæгтæм хифæкæнынæн иуфарсон тыхыбын мадзæлтты æмæ тыхон архæйдтыты сæххæстæн адæймаджы барты тематикæйæ спайда кæныны тенденци. Æнæмæнгхъæугæ у ацы аипджын практикæйыл «нæ» зæгъын æмæ æмбæрцбарджын æмæ кæрæдзийæн цытыл бындурæвæрд æмгуыстад æрфидар кæныныл фокусирдзинад» – дзырдæуы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.