Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны хъусын кæыннц, цæмæй адæймаджы барты темæйæ мачи хъуамæ пайда кæна æндæр паддзахадты мидхъуыддæгты хифæкæныны æфсонæн
Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны хъусын кæыннц, цæмæй  адæймаджы барты темæйæ  мачи хъуамæ  пайда кæна  æндæр паддзахадты мидхъуыддæгты  хифæкæныны  æфсонæн

Адæймаджы барты темæйæ  мачи хъуамæ пайда кæнæнт бæстæты мидхъуыддæгтæм хифæкæныны  æфсонæй æмæ   тыхон архæйдтыты сраст кæнынæн.  Уый фæдыл дзырдæуы  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрады, адæймаджы  барты æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ  ахæлиугонд фидиуæны.

«Бæстæты бæрæг къордты коньюктурон интерестæн адæймаджы бартимæ сбæттыны  архæйдтытæ не нцайынц.   Нырма дæр архайы суверенон   паддзахадты  мид хъуыддæгтæм хифæкæнынæн иуфарсон тыхыбын мадзæлтты æмæ  тыхон архæйдтыты  сæххæстæн адæймаджы барты  тематикæйæ  спайда кæныны  тенденци. Æнæмæнгхъæугæ у  ацы  аипджын  практикæйыл «нæ» зæгъын æмæ æмбæрцбарджын  æмæ кæрæдзийæн цытыл  бындурæвæрд   æмгуыстад æрфидар кæныныл  фокусирдзинад» – дзырдæуы  Уæрæсейы  фæсарæн  хъуыддæгты  министрады  фидиуæны.