Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Уæлхох Карабахы конфликты зонæмæ  ласынц æнæзаконон  гарзджын формиргонд  уæнгты Сири æмæ Ливийæ
Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Уæлхох Карабахы конфликты зонæмæ ласынц æнæзаконон гарзджын формиргонд уæнгты Сири æмæ Ливийæ

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  хъусинагæй,   Уæлхох  Карабахы  конфликты зонæмæ æнæзаконон   гарзджын  формиргондты  уæнгты  ласынц  Сирийæ  æмæ Ливийæ.  Уый фæдыл   дзырдæуы   Уæрæсейы   фæсарæн хъуыддæгты  уагдон ахæлиугонд  фидиуæны.

«Æрбафтгæ  хъусинæгтæй, Уæлхох  Карабахы  конфликты зонæмæ  æнæзаконон   гарзджын  формиргондты  уæнг хæцджыты ласынц  Сирийæ æмæ Ливийæ, цæмæй   хайад исыой  хæстон архæйдты.  Стыр мæстыдзинад æвдисæм  ацы  процессты тыххæй,   кæцы  æнæуыйдæр  ныттынгонд уавæр ноджы  карздæр кæны  æмæ  регионы бæстæты  æдасдзинадæн  дæргъвæтин тас æвзæрын кæны.

Курæг стæм  интересджын  паддзахадтæй,   алы мадзæлттæй  бацархайæт,  цæмæй   конфликты   фæсарæйнаг   террористтæ  æмæ æххуырс  хæцджытæ  ма исой  хайад,  æмæ æнæаргъæвгæйæ   аддæмæ  уой  регионæй», –   дзырдæуы  Уæрæсейы  фæсарæйнаг  хъуыддæгты  министрады  фидиуæны.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй   уæдмæ   Сомихыстон æмæ  Азербайджан  Уæлхох Карабахы   конфликты  зонæйы  сириаг æххуырст  хæцджыты æххуысæй пайда кæныны азымджын кодтой  сæ кæрæдзийы.