Евроцæдисы  хыгъдлæвæрд – Гуырдзыстоны адæймаджы барты фидар системæ ис, кцы æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæ  закъонтæ  æмæ  политикæйæ ифтонггонд у, фæлæ сæ сæххæст  хъуамæ  стынг уа
Евроцæдисы хыгъдлæвæрд – Гуырдзыстоны адæймаджы барты фидар системæ ис, кцы æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæ закъонтæ æмæ политикæйæ ифтонггонд у, фæлæ сæ сæххæст хъуамæ стынг уа

Евроцæдис публикаци скодта Дунейы адæймаджы барты  æмæ  демократийы  уавæры  фæдыл 2022 азы   æрвылазон хыгъдлæвæрд. Хыгъдлæвæрды  куыд дзырдæуы афтæмæй,  æмтгæй  зæгъгæйæ   Гуырдзыстоны адæймаджы бартæ  фидар системæ   ис, кæцы æхсæнадæмон  æмæ Европаг    стандарттимæ  æмбæлгæ  закъонты æмæ  политикæ  уадзы.  Фæлæ  сæ сæххæст  цалдæр   æрдæм  стынг кæнын хъæуы.

Хыгъдлæвæрды дзырдæуы, цæмæй   Гуырдзыстоны 2022 азы  ис  размæцыд   æвзарæнон   системæйы, æргом  хицуадзинады  реформæты,  гендерон   æмсæрады, сывæллæтты барты æмæ амалхъомзинад цух  уæнгты   барты   æрдгæй.

Евроцæдисы  æрвылазон хыгъдлæвæрды  дзырдæуы, цææмй   дарддæры тыхархайд  хъæуы  тæрхонон реформæты,  коррупиимæ  тохы  æмæ  паддзахадон   институтты   хæдбарады  стынг  кæныны сферæты.

Хыгъдлæвæрды  куыд у банысан  гонд афтæмæй, 2022  азы  Евроцæдис  хъусдард раздæхта   тæрхолнон системæйы  хæдбарады æмæ   бæрнондзинад стынг кæнынмæ, æнæмбарад фæкъаддæрмæ,  дискриминацийы  ныхмæ  тохы  фарсхæцыны  æмæ  æмбæстагон дзыллæ  стынг  кæнынмæ, ома уый  йæ  æмбæстагон барты   размæ рахæцын æмæ  бахъахъхъæнын хъом уа.

Уыимæ  ма, евроцæдисы  æрвылазон хыгъдлæвæрды   дзырдæуы, цæмæй 2022  азы  дæргъы   Евроцæдис баст уыдис регулярон  политикон  диалогы Гуырдзыстонимæ,  уый нымæцыы адæймаджы барты  фарстатыл.