Уæрæсейы æддæ хъуыддæгты уагдон мæстыдзинад æвдисы Эргнеты фембæлды фæкъуыхцыйы тыххæй
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад Эргнеты инцидентты превенцийы æмæ сæ маруадзыны механизмы фæлгæтты 14 сентябрмæ плангонд фембæлды фехалыны тыххæй, мæстыдзинад æвдисы. Уый фæдыл дзырдæуы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захаровайы фидиуæны.
Уырыссаг фарс фембæлды фæкъуыхцыйы аххосæй боны фæткъы Тбилисы æркуырдæй а.х. Хуссар Ирыстонæн нæрайсгæ фарстаты бахæссын схуыдта.
«Æфсонæй ссис уый æмæ хайадисджыты æрдгæй раздæр разыгонд боны фæткъмæ, Тбилисы æркуырдæй бахастой Хуссар Ирыстойнаг фарсæн нæрайсгæ политизиргонд пунктытæ. Уымæй уæлдай, бæрæг ссис цæмæй Гуырдзыстон интерполы хаххæй æхсæнадæмон агуырд расидтæуыд Хуссар Ирыстоны дыууæ æмбæстагыл. Уый Хуссар Ирыстоны республикæйы делегаци тыхыбын бакодта фембæлд ныууагъдтаиккой» – дзырдæуы Уæрæсейы æддæ хъуыддæгты уагдоны веб-фарсыл публикацигонд фидиуæны.
Уырыссаг фарс банысан кодта, ома «Гуырдзыстонысконфронтацион архæйдтытæн» ивгъуыды дæр расидтысты Галы аналогион механизмы куысты баурæд.
«Тбилисы æрдгæй инцидентты превенцийы æмæ сыл реагиргæнæг механизмы политизирдзинады æрдæм райст къурс, арæйнон районты æдасдзинады фарстаты практикон аскуыддзагы тыххæй арызт ацы пайдаджын форматы л блокъ сæвæрыны тас хæссæг у» – дзырдæуы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад нысан кæны, цæмæй «Цхинвал нæ зæгъгæ нæ кæны инцидентты маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны механизмы фæлгæтты рабадтыты хайад райсыны».