Уæрæсе ныццавдта Украинæйы энергетикон инфраструктурæ
Уæрæсе ныццавдта Украинæйы энергетикон инфраструктурæ

Уæрæсе Украинæйы энергетикон инфраструктурæйыл масштабон бабырст сарæзта. Уый фæдыл информаци «ВВС» парахат кæны.

Медийы информацийæ, Украинæйы масштабæй расидтæуыд иумæйаг уæлдæфон хъусынгæнинаг.

Бæстæйы энергетикæйы министр, Герман Галущенко расидтис, цæмæй æнæхъæн Украинæйы масштабæй цæуы энергетикæйы объекттыл бабырстытæ, æнæмæнгхъæугæ уыд уæлвæткон уавæры электрон тых ахуыссын кæнын.

Харьковы мэр Игорь Терехов бомбæтæ æрæппæрсты фæдыл информаци апарахат кодта, кæд æмæ бабырсты рæстæджы искæцы зианбаййафæг уыд æви нæ, уый бæрæг нæу. Уæлдæфон бабырст дæр сырæзт горæт Луцкмæ. Срæмыгъдтытæ райхъуыст наулæууæн горæт Одессæйы дæр, æмæ регионы губернатор Олег Кипер æрсидт цæрджытæм, цæмæй æдас бынаты баззайой.

Информацийæн, фæстаг бонты дæргъы, Уæрæсе Украинæмæ 1500 уæлдæфон хафт сарæзта.