Уæрæсе дæсгай  францаг æмæ италиайаг дипломатты бæстæйæ феддæдуар кæндзæн
Уæрæсе дæсгай францаг æмæ италиайаг дипломатты бæстæйæ феддæдуар кæндзæн

Уæрæсе дæсгай  францаг æмæ италиайаг дипломатты бæстæйæ феддæдуар кæндзæн.

Сæрмагондæй та,  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, персона нон-гратайыл нымад æрцыд  Францы минæварады  34 кусæг æмæ Италийы  минæварады 24 кусæг.

Фæнысангонд уынаффæйы фæдыл  уырыссаг  фарс  фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ фæсидтис Италийы æмæ Францы минæвæрттæм, кæцы  рæстæджы дæр сын фехъусын кодта.

Италиайаг  æмæ францаг  дипломатты феддæдуар кæныны  фæдыл уынаффæ Уæрæсе фæнысангонд бæстæтæй  уырыссаг дипломатты  ратæрыны  дзуаппæн   рахаста.  Апрелы Франц бæстæйæ  уцырыссаг  дипломатон уагдоны 41 кусæгы  феддæдуар кодта, Итали та -30.