Уæрæсе æмæ Украина æфсæддон уацайрæгты ноджы иу хатт баивдтой. Украинайы президенты фидиуæнæй, Украинамæ æрыздæхтысты 207 адæймаг.
Йæхи æрдгæй Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад 195 ссæрибаргонд æфсæддоны фæдыл хъусын кæны æмæ бæлвырд кæны, цæмæй Украинамæ дæр 195 уацайрагы адæттой.
Украинайы хицауад куыд хъусын кæны афтæмæй, ссрæибаргонд украинæгты æхсæн сты Мариуполы сæрыл чи хæцыд ахæмтæ, æфсæддон гæстæ, кæцытæ сакъадах Змеиныйыл уыдысты, афтæма Донецкы, Запорожьейы, Луганскы, Сумыйы, Харьковы æмæ Херсоны æрдæмадтыл чи хæцыдысты уыцы æфсæддæттæ.
Уыимæ ма, Киевы нæ конкрет кæнынц уыцы уацайрæгты нымæц, кæцыты Уæрæсемæ адæттой.
Бæрæгдзырдæн, уый фыццаг цау у, Украина æмæ Уæрæсе уацайрæгты куы бавидтой, Белгороды цур уырыссаг æфсæддон хæдтæхæг Ил-76 куы æрхаудта уый фæстæ. Уырыссаг фарс бæлвырд кæны, цæмæй фæстиуæгæн 65 украинаг уацайраг амард, кæцыты баиуын уыд плангонд.