Уæлвæтк уавæрты  фæткдар куысты хъусын кæнынц, цæмæй Борджомы  сыгъд ахуыссын кæнынæн мобилизацигонд сты 250-ы онг  зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг æмæ  æртæ хæрдмæтæхæг
Уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты хъусын кæнынц, цæмæй Борджомы сыгъд ахуыссын кæнынæн мобилизацигонд сты 250-ы онг зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг æмæ æртæ хæрдмæтæхæг

Уæлвæтк уавæрты  фæткдар куысты зынгвæдисон-ирвæзынгæнæн тыхты  департаменты хистæр  Давит Сухишвили хъусын кæны, цæмæй  Борджомы  муниципалитеты  зынгхуыссын кæныны процесс зын кæнынц климатон уавæртæ.

Афтæма йæ дзырдæй,  бынатыл   мобилизацигонд у  арæйнон пъæлицæйы  æртæ хæрдмæтæхæг, кæцытæ  фидар дымгæ ныллууыны  фæстæ   уайтагъд сног кæндзысты  зынгхуыссынгæнæн мадзæлттæ.

«Райрæзтис  афтæма  зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнджыты  нымæц  æмæ 250-ы онг  зынгхуыссынгæнæг  ирвæзынгæнæджы  мобилизаци  цæуы.  Афтæма бынатыл   ис  æмбæлгæ   ифтонггæрзтæ  æмæ   кусæм  сыгъд ахуыссын кæнынæн» –  рзагъта Давит Сухишвили.